Кулиев, Хъайсын Шувайы фырт
Кулиев Шувайы фырт Хъайсын | |
---|---|
хъæр.-балхъ. Къулийланы Шуўаны жашы Къайсын | |
Райгуырды датæ | 19 октябры (1 ноябры) 1917 |
Райгуырæны бынат | Чегемы район, Хæххон республикæ |
Мæлæты бон | 1985-æм азы 4 июны (67 азы) |
Мæлæты бынат | Чегем, Советон Цæдис |
Æмбæстонад | Советон Цæдис |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | поэт, прозаик, журналист |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг æмæ хъæрæсейаг-балхъайраг |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Хъайсын Кулиев[1] (хъæр.-балхъ. Къулийланы Шуўаны жашы Къайсын) уыдис зындгонд асыйаг (балхъайраг) поэт. Райгуырдис Уæллаг Чегемы 1917-æм азы 1 ноябры, амардис 1985-æм азы 4 июны.
Ахуыры фæстæ службæ кодта æфсады. Кулиев фронты куы уыдис, 1944-æм азы мартъийы йæ адæмы ралидзын кодтой Хъазахстан æмæ Астæуккаг Азимæ. Демобилизацийы фæстæ Борис Пастернакы æххуысæй Кулиевæн радтой Мæскуыйы цæрыны бар, фæлæ уый йæхи фæндонæй ацыдис Хъиргъизмæ. 1956-æм азы уый раздæхтис Кæсæг-Балхъармæ (æцæг 1957-æм азы онг республикæ хуындис Кæсæджы АССР).
Кулиев уыдис бирæ хæрзиуджытæй хорзæхджын (уыдоны ’хсæн Ленины орден æмæ Фæллойы Сырх Тырысайы дыууæ ордены), цалдæр паддзахадон премийы лауреат.
Хъайсын хæларæй цардис ирон фысджытимæ.
2001-æм азы мыхуырæй рацыдис Кулиевы æмдзæвгæты æмбырдгонд иронау, ратæлмац æй кодта Джусойты Нафи.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Елбрусы дæлвæзты — Орджоникидзе: Цæгат Ирыстоны чингуыты рауагъдад, 1957
- 1 ноябры чи райгуырдис, уыдон
- 1917-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- 4 июны чи амардис, уыдон
- 1985-æм азы чи амардис, уыдон
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Поэттæ алфавитмæ гæсгæ
- Советон Цæдисы поэттæ
- Уæрæсейы поэттæ
- Ленины ордены кавалертæ
- Ленины премийы лауреаттæ
- Фысджытæ алфавитмæ гæсгæ
- XX æнусы поэттæ
- Балхъайраг поэттæ
- Чегемы районы чи райгуырдис, уыдон