Исаева, Асет Марцары чызг
Асет Марцары чызг Исаева | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1915-æм азы 5 сентябры |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1971-æм азы 5 мартъийы (55 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | актрисæ |
Æмкъай | Бадуев, Мовжди Сулейманович[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Асет Марцары чызг Исаева (1915 азы 5 сентябры, Надтеречное, Цæцæн, Терчы облæст, Уæрæсейы импери — 1971 азы 5 мартъийы, Грозна, Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР, УСФСР, ССРЦ) уыд Цæцæйнаг паддзахадон драмон театры актрисæ. 1961-æм азæй — Цæцæн-Мæхъхъæлы АССР-йы адæмон артисткæ, 1968-æм азæй — УСФСР-йы сгуыхт артисткæ.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Асет Исаева райгуырдис 1915-æм азы 5 сентябры Надтеречноейы. Уыдис ын дыууæ æфсымæры æмæ иу хо. Йæ фыд амардис, сывæллæттæ ма чысыл куы уыдысты, уæд. Йæ хæстæджытæ йæ мады æндæр моймæ радтой, сывæллæтты та приютмæ арвыстой.
Приюты фæстæ Асет каст фæци хуйæн курсытæ, уый фæстæ партионты скъоламæ бацыдис. 1931-æм азы уый бацыд театралон студимæ, йæ сæргъы уæд уыдис Саид Бадуев.
Театралон студийы æрыгон сылгоймаг базонгæ кодта Саид Бадуевы æфсымæр Мовждинимæ. Тагъд рæстæджы уыдон сæ цард баиу кодтой, кæд сæ хæстæджытæ уый ныхмæ уыдысты, уæддæр. Бинонтæм райгуырдис дыууæ чызджы. Мовждин æмæ Асет кусын байдыдтой Цæцæны паддзахадон драмон театры.
Депортацийы рæстæг 1944-æм азы бинонтæ фæиппард сты. Асет йæ мад æмæ йæ сывæллæттимæ цардис Узбекистаны сахар Аурахиматы. Кусын æй хъуыдис æрзæты комбинаты.
Фæстæдæр Асеты къухмæ бафтыдис йæ бинонты Чимкентмæ аласын. Уым базыдта, йæ лæг Мовждин йæ хæстæджытимæ Меркейы хъæуы кæй цæры, уый. Асет ацыдис йæ лæгимæ цæрынмæ, кусын райдыдта хъæдфадæны. Изæрыгæтты та-иу сæ ног хæдзар арæзтой.
1956-æм азы реабилитацийы фæстæ цæцæйнаг артисттæн иннæты разæй фæстæмæ раздæхыны бар радтой.
Цæцæн-Мæхъхъæлы театр ногæй райдыдта кусын, æмæ Исаева ссис йæ сæйргадæр актрисæтæй иу. Цы пьесæты хъазыдис, уымæ адæм гуылф кодтой.
1961-æм азы райста Цæцæн-Мæхъхъæлы адæмон артисткæйы кадджын ном, 1968-æм азы та сси Уæрæсейы советон федеративон социалистон республикæйы сгуыхт артисткæ.
Асет Исаева амардис 1971-æм азы 4 мартъийы дыккаг инфарктæй.
Бинонтæ
[ивын | Бындур ивын]Йæ чызг Раисæ Гичаева у театр æмæ кинойы артисткæ, УСФСР-йы сгуыхт артисткæ. Йæ иннæ чызг — Тамарæ Исаева сси актрисæ æмæ режиссёр, у Цæцæны Республикæйы аивæдты сгуыхт кусæг.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Страницы, использующие расширение JsonConfig
- 5 сентябры чи райгуырдис, уыдон
- 1915-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Терчы облæсты чи райгуырдис, уыдон
- 5 мартъийы чи амардис, уыдон
- 1971-æм азы чи амардис, уыдон
- Грознайы чи амардис, уыдон
- УСФСР-ы сгуыхт артисттæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Цæцæны артисттæ
- Цæцæны чи райгуырдис, уыдон