Ирон хъандзал фæндыр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Ирон хъандзал фæндырирон фæндыр, кавказаг фæндыры хицæн хуыз.

Ирон цардыуаджы æмбæлын райдыдта XIX æнусы æмбисæй фæстæмæ; ома, адæмон дæснытæ, ирон музыкæйы хицæндзинæдтæ хынцгæйæ, ирон фæндырыл уырыссаг фæндыры зæлрæнхъ æвæрын куы байдыдтой, уæдæй фæстæмæ. Ирон хъандзал фæндыры æххæст куыз арæзт фæцис XIX æнусы кæронмæ. Бирæ рæстæджы дæргъы ирон хъандзал фæндыр нымад уыдис «сылгоймаджы» музыкалон инструментыл. Фæндырæй цæгъдын цы ирон чызг зыдта, уымæн-иу йæ ныййарджытæ стырдæр ирæд агуырдтой.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. Дзæуджыхъæу. 1994. — 284 с.