Фæндыр
Внешний вид
Фæндыр у музыкалон инструменты ном. Вæййы цалдæр хуызы:
- (Рагон) дыууадæстæнон фæндыр. Нарты кадджыты фæндыры фæзынд баст у нарт Сырдонимæ.
- Хъисын фæндыр. Цæгъды æрдыны фæрцы, кæцы ’ндзæвы тæнтыл, æмæ цæ зæлын кæны. Арæх хъисын фæндыры акомпонементæй пайда кодтой кадæггæнджытæ.
- Дала-фæндыр. Дыууæ кæнæ æртæтæнон. Ныры дуджы дала-фæндыры мелодитæ æдзух цæгъдынц балалайкæйæ.
- Хъандзал фæндыр. Фæзындис ирæттæм XIX æнусы кæрон. Нæ заман фæндыры хуызтæй сси æппæты арæх.
Раджы заманы дыууадæстæнон, хъисын æмæ дала фæндырыл æмбæлыд цæгъдын æрмæстдæр нæлгоймæгтæн. Сылгоймаджы бар уыд хъандзал фæндыр.
Ацы нысаниуджыты фарс æвдисы æмхуызон нæмттæ цы уацтæн ис, уыдон. Кæд æндæр уацæй æрбацыттæ ардæм, уæд, дæ хорзæхæй, ардæм цы æрвитæн æрвиты, уый йæ нысаниуæгмæ фæив. |