Перейти к содержанию

Илия II (æппæт Гуырдзыстоны католикос-патриарх)

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Илия II
гуырдз. ილია II
Гуырæн ном гуырдз. ირაკლი ღუდუშაური–შიოლაშვილი
Райгуырды датæ 1933-æм азы 4 январы(1933-01-04) (91 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Архайды хуыз патриарх
Хорзæхтæ æмæ премитæ
Автограф Изображение автографа
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Католико́с-Патриа́рх Илия́ II (гуырдз. კათოლიკოს-პატრიარქი ილია II; аргъуаны æдде Ира́клий Георгийы фырт Гудушаури́-Шиолашви́ли, гуырдз. ირაკლი გიორგის ძე ღუდუშაური-შიოლაშვილი; райгуырдис 1933-æм азы 4 январы, Дзæуджыхъæуы, Цæгат Ирыстоны) у Гуырдзиаг рæстуырнæг еклезийы алчер; 1977-æм азы 23 декабрæй у Æппæт Гуырдзыстоны æппæты сыгъдæг католикос-патриарх, Гуырдзыстоны еклезийы сæргълæууæг.

Илияйы ныййарджытæ сты Гуырдзыстоны Хъазыбеджы районæй, 1927-æм азы цæрынæн ралыгътой Дзæуджыхъæумæ.

Илия уыдис сæ цыппæрæм сывæллон[1]. Саргъуыдта йыл архимандрит Тарасий (Канделаки) гуырдзыстоны аргъуаны мидæг, лæппуйыл сæвæрдтой ном Иракли — гуырдзиаг паддзах Иракли II кадæн.

1952-æм азы каст фæци Орджоникидзейы астæуккаг скъола № 22[1] æмæ бацыдис Мæскуыйы дины семинармæ. Уый куы каст фæцис 1956-æм, йæ ахуыр адард кодта Мæскуыйы дины академийы.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Илия II, Католикос-Патриарх всей Грузии, Православная Энциклопедия,, 3 марта 2010г..