Зассеты Уасил
Внешний вид
Зассеты Никъалайы фырт Уасил (амардис 1942-æм азы 1 ноябры Ленинграды облæсты) — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Хуссар Ирыстоны Уахтъанайы хъæуæй.
Хъæбатырæй тох кодта немыцæгты ныхмæ, уыд 65-æм æхсæг дивизийы 311-æм æхсæг полчы развæдсгарæг. Хайад иста Ленинграды облæсты карз тохты æмæ 1942-æм азы 1 ноябры хъæбатырæй фæмард. Ныгæд ис Ленинграды облæсты.
Уасилы æртæ æфсымæрæй æрмæстдæр иунæг Герсан æрыздæхтис сæхимæ удæгасæй.