Заменгоф, Людвик Лазарь
Людвик Лазарь Заменгоф | |
---|---|
идиш לײזער לוי זאַמענהאָף | |
Гуырæн ном | уырыс. Лейзеръ Заменговъ[3] |
Райгуырды датæ | 1859-æм азы 15 декабры[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1917-æм азы 14 апрелы[1][2][…] (57 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | эсперанто, офтальмологи[d], эсперантологи[d] æмæ филологи[6] |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | докторы къæпхæн[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Людвик Лазарь Заменгоф (пол. Ludwik Łazarz Zamenhof; йæ уæрæсейаг гæххæттытæм гæсгæ Лазарь Маркович Заменгоф) уыд, æвзаг эсперанто чи æрымысыдис, уыцы лæг. Уый райгуырдис 1859-æм азы 15 декабры сахар Белосточы (ныр Польшæйы), амардис та 1917-æм азы 14 апрелы Варшавæйы. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ уыд цæстыты хосгæнæг.
Лазары фыд куыста куыд немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг, фæстæдæр уыимæ ма цензорæй: цензурæ кодта немыцаг æвзагыл æмæ та дзуттаг æвзæгтыл (идиш æмæ иврит) цæуæг периодикон мыхуыр. Йæ сабибонтæй Лазарь Заменгоф зыдта цалдæр æвзаджы, йæ мысинæгтæм гæсгæ йæ сæйраг æвзаг уыдис уырыссаг, фæстæдæр фылдæр польшæйагау дзурын байдыдта, йæ цотимæ дæр.
Гимназы фæстæ Лазарь ахуыр кодта Мæскуыйы (1879-1881) æмæ Варшавæйы (1881-1885), сси цæстыты дохтыр.
Йæ æрымыст æвзаджы афæлгæст рацыдис 1887-æм азы сæрды уырыссаг æвзагыл, уыцы чиныдж сæргонд уыдис «Доктор Эсперанто. Æхсæнадæмон æвзаг. Раздзырд æмæ ахуыры чиныг æххæстæй» (уырыс. «Д-ръ Эсперанто. Международный языкъ. Предисловіе и полный учебникъ»). Уыцы рауагъды фæстæ уыдысты польшæйаг, францаг æмæ немыцаг рауæгъдтытæ. Заменгофы фæсномыг «эсперанто» тагъд рæстæджы сси, уый цы æвзаг сарæзта, уымæн йæ ног ном.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ 1,0 1,1 Lazaro Ludoviko Zamenhof // Eesti biograafiline andmebaas ISIK (эст.)
- ↑ 2,0 2,1 Ludwik Lejzer Zamenhof // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ Zamenhof birth certificate
- ↑ 4,0 4,1 Заменгоф Людвик Лазарь // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ This Week In History: The language of hope is born (англ.) — The Jerusalem Post, 2012.
- ↑ Чешская национальная авторитетная база данных