Перейти к содержанию

Ереваны паддзахадон университет

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Советон Цæдисы посты маркæ, 1970-æм аз: Ереваны паддзахадон университеты 50 азы

Ереваны паддзахадон университет (сом. Երևանի պետական համալսարան) у уæлдæр ахуырады уагдон Ереваны. Сомихы зæронддæр университет, йæ бындур ын сæвæрдтой 1919-æм азы. Абон у бæстæйы стырдæр æмæ престижондæр. Зонынц æй фæсномыгæй дæр — хуыйны Мадæлон вуз (Մայր բուհ, Mayr buh).

Университеты кусынц 3150 кусæджы, уыдонæй 1190 сты ахуыргæндджытæ. Университеты цы ахуыргæнджытæ ис, уыдонæй 25 академичы, 130 профессоры, 700 доценты æмæ 360 ассистенты. 400 адæймаджы кусынц иртасæн центры, 1350 сты аспиранттæ, 8500 — студенттæ, уыдонæй 300 фæсарæнтæй.[1]

Ахуыр кæнынц сомихаг æвзагыл, кæд фæсарæйнæг студентты хъæуы æххуыс, уæд англисаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл дæр. Академион афæдз райдайы 1 сентябры æмæ йæ кæрон у 30 июны.

2010-æм азы ЕПУ уыд Сомихы хуыздæр университет, дунейы рейтингы та ахсы 954-æм бынат 20 мин уæгдоны ’хсæн (University Ranking by Academic Performance).[2][3]

Тигранян С. Ф., университеты бындурæвæрджытæй иу
ЕПУ-йы фыццаг бæстыхай Ереваны

Университет кусын байдыдта 1920 азы 31 январы — Александрополы уæйгæнджыты скъолайы бæстыхайы. 1920-æм азы фæззæгæй йæ бынат аивта æмæ куыста Ереваны педагагон семинары бындурыл.

Университеты фыццаг факультет уыд историон-æвзагзонæн, ахуыр дзы кодтой 262 студенты.

1991-æм азмæ Ереваны паддзахадон университеты уыд 17 факультеты, цæттæ кодтой специалисттæ 32 дæсныйадмæ гæсгæ.

Ректортæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Юрий Гамбарян (1919—1920)
  • Акоп Манандян (1920—1921)
  • Давид Заврян (Завриев) (1921—1922)
  • Акоб Ованнисян (1922—1930)
  • Тигран Мушегян (1933—1935)
  • Врам Костанян (1935—1937)
  • Микаел Енгибарян (январь-апрель 1937)
  • Генри (Арутюн) Габриелян (апрель-август 1937)
  • Анушаван Арзуманян (август-сентябрь 1937)
  • Норайр Дабагян (октябрь—ноябрь 1937)
  • Камсар Аракелян (1937—1938)
  • Гарегин Петросян (1938—1941 и 1949—1957)
  • Грачья Буниатян (1942—1946)
  • Оганес Погосян (1947—1948)
  • Гагик Давтян (1957—1961)
  • Нагуш Арутюнян (1961—1963)
  • Грант Батикян (1963—1966)
  • Мкртич Нерсисян (1966—1977)
  • Сергей Амбарцумян (1977—1991)
  • Норайр Аракелян (1991—1993)
  • Радик Мартиросян (1993—2006)
  • Арам Симонян (2006-2019)

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. International Education: An Encyclopedia of Contemporary Issues and Systems (англ.) / Ness, Daniel; Lin, Chia-Ling. — Routledge, 2015. — P. 789. — ISBN 9781317467519.
  2. URAP - University Ranking by Academic Performance(недоступная ссылка). Датæ: 2021-æм азы 16 ноябры. Архив 2014-æм азы 6 октябры.
  3. Архивированная копия.