Дудиатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дудиатæ (уырыс. Дудиевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Дудиатæ Хуссар Ирыстоны цардысты. Уырдыгæй ралыгъдысты Бызмæ. Лидзгæ та уымæн ракодтой, æмæ Дудиаты лæппу кæйдæр лæппуйы хъамайæ барæхуыста, æмæ уый фæкъуылых. Бызы сæ кæсгон æлдæрттæ хъалонæй тыхсын кодтой. Дудиатæм дыууадæс æфсымæры уыд. Уыдон хоскæрдынæй æрцыдысты, æмæ сын загътой, дæлæ та æлдар хъалонмæ æрбарвыста, зæгъгæ. Æфсымæртæй сæм иу балæбурдта æмæ æлдары амардта. Уыдон сæ мард аластой, фæлæ Дудиаты фæдыл зилын байдыдтой. Иуахæмы сæ иу лæппуйы аскъæфтой, хъуамæ йæ сæ мардæн ныффæлдыстаиккой. Фæлдисгæ та афтæ кодтой — хъуамæ кæй фæлдыстой, уымæн удæгасæй йæ цæст скъахтаиккой, йæ хъус ын алыг кодтаиккой сæ марды ингæны уæлхъус. Лæппуйы ингæнмæ куы бакодтой, уæд сын Ефенди афтæ: Дысон-бонмæ мæ хъуыраны кæсын æмæ афтæ амоны, ацы лæппу ахæм дзуарджын бæстæй рахастат, æмæ йæм куыддæр бавналат, æмæ дзы туг рауадзат, афтæ уын тынг æвзæр уыдзæн. Уæд лæппумæ нал бавнæлдтой. Ефенди дзы йæхицæн фырт скодта. Æмæ абон дæр, Дудиатæн æрвадæлтæ ис Кæсæджы.[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.