Донецчы Адæмон Республикæ
Внешний вид
Донецчы Адæмон Республикæ (уырыс. Донецкая Народная Республика) у Украинæйы скæсæйнаг территорийæ 2014-æм азы чи радих, ахæм æнæбанымад паддзахад. ДАР-æн йæ хæдбардзинад базыдта Уæрæсейы Федераци (2022-æм азы февралы) æмæ Хуссар Ирыстон (2014-æм азы июны). Украинæ ДАР-ы дæлбар зæххытæ хоны «Уæрæсе рæстæгмæ кæй бацахста, ахæм территоритæ».
Республикæйы сæргълæууæг 2018-æм азæй у Денис Пушилин.