Перейти к содержанию

Динджела

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Динджела[1][2] (уырыс. прополис) у æндæдзаг писион буарад, кæцыйы мыдыбындзытæ æртымбыл кæнынц бæлæсты къуыбыртæй. Мыдыбындзытæ фæззæг динджелайæ сæхгæнынц чыргъæдты зыхъхъыртæ æмæ дзы сфидар кæнынц рамкæйы кæрæттæ.

Динджела мыдадзимæ хæццæ уæвгæйæ сафы мыдадзы, уымæ гæсгæ динджела æмбырд цæуы хицæнæй. Мыдадзы тынг хъахъхъæнын хъæуы динджелайæ.

Динджелайæн ис тынг хорз тæф. Адæмон медицинæйы динджелайæ фæхос кæнынц хъæдгæмттæн, сæ уæлæ сывæргæйæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй динджелайы препарат фæтагъддæр кæны хъæдгомы гас кæнын. Алы мыдгæс дæр хъуамæ æмбырд кæна йæ мыддарæны динджела. Уый чыргъæдтæй æмбырд кæнынæн æнцоидæр у хъарм бонты, иугæр куы сфæлмæн вæййы, уæд.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Тедеты Хъауырбег. Æххуыс мыдгæсæн. Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал 1979
  2. Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ ; Уæрæсейы зонæдты академи ; Дзæуджыхъæуы зонадон центр ; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М. : Наука, 2007. II-æм том, 247-æм ф.