Перейти к содержанию

Дзасохты Музафер

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дзасохты Музафер
Райгуырды датæ 1937-æм азы 10 январы(1937-01-10) (87 азы)
Райгуырæны бынат
Архайды хуыз фыссæг

Дзасохты Музафер (райгуырдис 1937-æм азы 10 январы Бæрæгъуыны) у ирон фыссæг æмæ поэт, журналист, партион кусæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультетмæ æмæ 1960-æм азы райста ахуыргæнæджы дæсныйад. 1973—1975 азты ахуыр кодта СЦКП-йы ЦК-ы цур Уæлдæр партион скъолайы. Куыста газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй, СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы инструкторæй, Цæгат Ирыстоны АССР-йы телеуынæны æмæ радиойы паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæгæй. Ныртæккæ та у журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор.

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]