Дзасохты Музафер
Внешний вид
| Дзасохты Музафер | |
|---|---|
| Райгуырды датæ | 1937-æм азы 10 январы (89 азы) |
| Райгуырæны бынат | |
| Архайды хуыз | фыссæг |
Дзасохты Музафер (райгуырдис 1937-æм азы 10 январы Бæрæгъуыны) у ирон фыссæг æмæ поэт, журналист, партион кусæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон-филологон факультетмæ æмæ 1960-æм азы райста ахуыргæнæджы дæсныйад. 1973—1975 азты ахуыр кодта СЦКП-йы ЦК-ы цур Уæлдæр партион скъолайы. Куыста газет «Молодой коммунист»-ы редакторæй, СЦКП-йы Цæгат Ирыстоны обкомы инструкторæй, Цæгат Ирыстоны АССР-йы телеуынæны æмæ радиойы паддзахадон комитеты сæрдары хæдивæгæй. Ныртæккæ та у журнал «Ногдзау»-ы сæйраг редактор.