Дзагкойтæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дзагкойтæ кæнæ Дзаккойтæ[1] (уырыс. Дзагкоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Ацы мыггаджы тыххæй ис ахæм таурæгъ. Раджы, дам, кæддæр Уæлладжыры комæй, Æрхонæй Дыгургоммæ æрбафтыд иу лæг æмæ æрцард Фæрæскъæтты. Ам ын райгуырд æртæ фырты: Дзагко, Мама æмæ Габуа. Æфсымæртæ куы слæгтæ сты, уæд сæхицæн устытæ æрхастой, æмæ сæ алчидæр хицæнæй æрцард. Сæ нæмттæм гæсгæ скодтой мыггæгтæ æмæ Фæрæскъæтты хъæуы фæзынд мыггæгтæ Дзагкойтæ, Маматæ æмæ Габуатæ. Уыдонæй Дзагкойтæ баззадысты Фæрæскъæтты, Габуатæ фæлыгъдысты Беслæнмæ, Маматæ та — Чырыстонхъæумæ.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 66 ф.