Джиголатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Джиголатæ[1] (уырыс. Джиголаевы, Гиголаевы, гуырдз. ჯიგოლაშვილი, გიგოლაშვილი[1]) сты ирон мыггаг.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Таурæгъ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ Джиголатæ Чысыл Леуахигомы Гнасуры хъæуæй æрцыдысты, ныр Сæрибар цы хъæу хуыйны, уырдæм. Уæд Джиголатæй дыууæ лæппуйы уыдысты цуаны æмæ æрхаудтой, Сæрибары хъæу кæм ис, уыцы бынатмæ. Ацы бынат сæ зæрдæмæ фæцыд, æмæ фæстæмæ куы баздæхтысты, уæд Джиголатæн сæ иу хай ракодтой цæрынмæ ног бынатмæ. Ацы бынаты цæрæг кæй нæ уыд, сæрибар кæй уыд, уымæ гæсгæ схуыдтой сæ хъæу «Сæрибар». Бирæтæ сæ алыгъдысты Дменисмæ.

Гнасур уыд æфцæгыл, Ацъырсхеу æмæ Сиатæй уæлдæр. Уырдыгæй сæ иу хай ралыгъд зæххагур, æрбынат кодтой Дменисы, хонынц ма йæ Уалытыхъæу дæр.

Джиголатæн æрвадæл мыггæгтæ сты: Гуыззыттатæ, Нарыкъатæ, Гелитæ. Гелитæ Джиголатæй равзæргæ мыггаг сты. Джиголатæй иу лæг ракуырдта, йæхи бар чи нæ уыд, ахæм ус. Бинонтæ ацархайдтой, цæмæй йæ фæстæмæ арвыстаиккой, фæлæ йæ лæг бирæ уарзта æмæ йæ нæ арвыста. Райгуырд лæппу. Гуыбыны æрхæсгæ кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой Гери, сæ мыггаг дæр схуыдтой Геритæ-Гелитæ. Æнæуи Джиголатæй уыдысты. Цæрынц Цъалайы хъæуы. Джиголатæн сæ дзуæрттæ Гнасуры уыдысты — Бæрзонддзуар, Мæсгуытыдзуар, Мидгъайыдзуар. Бæрзонддзуарæн куывтой Дауджыты хуыцаубоны. Йæ размæ сабат та уыд Мæсгуытыдзуарыбон. Дыууæ бæрæгбоны дæр æргæвстой уæрыччытæ. Мидгъайыдзуарыбон та вæййы Дауджыты хуыцаубоны размæ сабаты. Уымæн дæр кусарт вæййы. Иумæйаг кусарт нæ кæнынц. Дменисы ма цæрынц Габойтæ. Габотæ æмæ Габойтæ иу мыггаг сты, Лолойтæ æмæ Лолайтæ дæр иу мыггаг сты, фæлæ Гæджитæ æмæ Гаджитæ хицæн мыггæгтæ сты. Ам Уалыты хъæуы Джиголатæ, Уалытæ, Къусратæ кувынц Сыгъдæг Маринейæн. Лолойтæ ардæм æрлыгъдысты Годжийы хъæуæй — Орбозалайы æфцæджы цур ис. Раздæр та цардысты Гудисы. Сæ хъæу схуыдтой Лолотыхъæу.[2]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Джиголаты мыгкаджы куывды тыххæй, фыццаг æмбырд. Джиголаты Иваны хæдзары 27-æм майы 1995 аз.

Джиголаты Мыгкаджы Куывд 19.08.1995