Перейти к содержанию

Дахадаев, Магомед-Али

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Магомед-Али Дахадаев
Райгуырдис 1882-æм азы 2 апрелы(1882-04-02)
Амардис 1918-æм азы 4 октябры(1918-10-04) (36 азы)
Парти
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Магомед-Али Дахадаев (фæсномыг — Махач; 18821918) — XX æнусы райдианы Дагъистаны революцион архайæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Дахадаев райгуырдис солиаг хъæу Унцукулы, куырды бинонты ’хсæн.

1900-æм азы йæ къухы бафтыдис Бетъырбухы фæндæгты инженерты институтмæ бацæуын. 1905-æм азы Дагъистанмæ куы раздæхтис, уæд сси РСДРП-йы разамонджытæй иу, дыууæ хатты йæ æрцахстой, 1906-æм азы ноябры Дагъистанæй йæ ратардтой. 1910-æм азы Магомед-Али каст фæци институт æмæ 1916-æм азы онг куыста Майкъопы æфсæнвæндаджы инженерæй.

Февралы революцийы фæстæ сси Дагъистаны облæстон советы уæнг Темир-Хан-Шурайы (ныры Буйнакск). 1918-æм азы райдиан æрæмбырд кодта, Хæххон республикæйы æфсады ныхмæ чи тох кодта, уыцы сырхæфсæддонты къорд. 1918-æм азы 22 сентябры йæ æрцахстой урсæфсæддонтæ æмæ фехстой.

Махачы кадæн 1922-æм азы сахар Порт-Петровскæн радтой йæ фæсномыджы ном — Махачкала (ома «Махачы фидар, Махачы хъаллæ»). Йæ ном ма хæссынц Дагъистаны Дахадаевы район, хутор Дахадаевкæ (раздæры хъæу Преображенское Дагъистаны) æмæ хъæу Махачаул (раздæры Джелал) Стъараполы крайы скæсæны.

Литературæ

[ивын | Бындур ивын]
  • Кашкаев Б. О., Хашаев X. М., Махач Дахадаев, Махачкала, 1957

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]