Перейти к содержанию

Дауырæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Дауырæ
Гуырæн ном Сланты Никъалайы чызг Зоя
Райгуырды датæ 1935-æм азы 20 июны(1935-06-20)
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 2020-æм азы 21 майы(2020-05-21) (84 азы)
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэтессæ, фыссæг, фольклорист
Уацмысты æвзаг ирон

Дауырæ, йе ’цæг ном у Сланты Никъалайы чызг Зоя (райгуырдис 1935-æм азы Хъобаны — амардис 2020-æм азы) у ирон поэтессæ æмæ фыссæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Дауырæ райгуырди Хъобаны. Каст фæци сæ хъæуы астæуккаг скъола, Мæскуыйы Щукины номыл уæлдæр театралон училище, Театралон аивады паддзахадон Уæлдæр режиссёрон курсытæ æмæ «Цæдисмультфильм»-ы студийы режиссёр-мультипликаторты хайад. Куыста Ирон театры актрисæйæ, сывæллæтты театр «Саби»-йы режиссёрæй, Цæгат Ирыстоны телеуынæны режиссерёй.

1989-æм азы Дауырæ сарæзта æхсæнад «Хæзнадон», иудадзыг пропагандæ кæны ирон æвзаг, фольклор æмæ литературæ.

Дзырдаивады фæндагыл æрлæууыди 1986 азы. Фыссы æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ. Рауагъта цалдæр чиныджы. Сæ зынгæдæртæ: «Сæдæйысæр» (Дзæуджыхъæу, 2000), «Мæ чысыл хуртæн» (Дзæуджыхъæу, 2002), «Азæлд» (Дзæуджыхъæу, 2003).[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012