Данов, Христо
Христо Данов | |
---|---|
![]() | |
Райгуырды датæ | 1828-æм азы 27 августы кæнæ 1828[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1911-æм азы 11 декабры кæнæ 1911[1] |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | рауадзæг, ахуыргæнæг, фыссæг, мэр |
![]() |
Христо Данов (болг. Христо Груев Данов; райгуырдис 1828-æм азы 27 августы — амардис 1911-æм азы 11 декабры) уыдис болгайраг рухстауæг, ахуыргæнæг æмæ чиныгуадзæг. Уый нымад у болгайраг чиныгуагъды рацаразæгыл, хонынц ма йæ «болгайраг Гутенберг».
Болгари ссæрибары цауты (1878) архайгæйæ (суанг ма 1876-æм азы æртæ мæйы дæргъы бадтис ахæстоны), йæ фæд ныууагъта политикæйы дæр. Христо Данов политикæмæ бацыдис 1882-æм азы, уæд сси Скæсæн Румелийы регионы æмбырды депутат. 1897–1899 азты уыдис Пловдивы сахары сæргълæууæг (уымæн мызд нæ иста).
Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]
- ↑ 1,0 1,1 Danov, Christo Gruev // Czech National Authority Database