Гюльмамедов, Дашгын

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Дашгын Гюльмамед-оглы Гюльмамедов (гуырдз. დაშგინ გულმამედ–ოკლი გულმამედოვი, райгуырд 1977-æм азы 12 сентябры Качаганийы хъæуы, Марнеулийы районы) у Гуырдзыстоны политик, Гуырдзыстоны азербайджайнæгты национ ассамблейы президент[1] 2002-æм азæй ныры онг, Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæнадон архайæг.

Гюльмамедов домы, цæмæй азербайджайнаг æвзаг уа Гуырдзыстоны официалон æвзæгтæй иу[2]. Цалдæр хатты Гюльмамедов Михаил Саакашвилийы азымы бадардта гуырдзиаг президенты шовинизмхъæстæ политикæ, уæлдайдæр гуырдзыстойнаг азербайджайнæгты бартæ цъист кæныны архайд[3].

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]