Перейти к содержанию

Гусалты Витали

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Гусалты Виталий-æй æрвыст)

Гусалты Михалы фырт Витали (райгуырдис 1953-æм азы — амардис 2004-æм азы) у ирон поэт.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Райгуырди Цæгат Ирыстоны Даргъ-Къохы (Быдыры Хъахъхъæдуры) интеллигенты хæдзары. Астæуккаг скъола каст куы фæци, уæд кусын райдыдта Кировы районы газет «Размæ»-йы. Уый фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты ирон-уырыссаг хайадмæ.

Къорд азы бакуыста радиойы, телеуынæны, цы университеты ахуыр кодта, уым, стæй зонадон-иртасæн институты. Бирæ фыдæбон бакодта йæ ахуыргæнæг Абайты Вассойы сфæлдыстад ирон дзыллæйы ’хсæн парахат кæныныл, сарæзта йыл документалон киноныв дæр. Уый хуымæтæджы нæ уыди: стыр аргъ кодта Витали Иры номдзыддæр лæгæн, йæ царды фæстаг азты та ссис, Вассойы номыл Дзæуджыхъæуы цы Центр арæзт æрцыд, Скифаг-алайнаг иртасæнты Центр, зæгъгæ, уый разамонæг.

Гусалы-фырт сарæзта æмæ бæрнон редактор уыди Абайты Вассойы «Æвзæрст куыстытæн» — мыхуыры дзы рацыди дыууæ томы — 1990 æмæ 1995 азты Дзæуджыхъæуы. Виталийæн æнгом бастдзинæдтæ уыди, фæсарæнты ирон æвзаг, эпос æмæ аланты истори чи иртасы, уыцы ахуыргæндтимæ, æмбæлди семæ, уыдон æххуысæй уадзын райдыдта сæрмагонд журнал «Nartamongæ». Ацы фарны хъуыддаг ма дарддæр бæргæ ахæццæ кодтаид, фæлæ йæ мæлæт нал бауагъта — æнæнхъæлæджы цардæй ахицæн 2004 азы 27 июлы.

Витали æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, саби ма куы уыд, уæд, фæлæ иудадзыг нæ кодта ацы куыст, фæстагмæ та йæ бынтондæр ныууагъта — йе ’ргом тынгдæр аздæхта зонадмæ. Поэтикон курдиатæй цух кæй нæ уыд, уымæн та æвдисæн — нæ антологимæ йын цы æмдзæвгæтæ бахастам, уыдон.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012