Гулиа, Георгий

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гулиа Георгий
Райгуырды датæ 1 (14) мартъийы 1913
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1989-æм азы 18 октябры(1989-10-18) (76 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз фыссæг, журналист
Жанр уацау[d]
Уацмысты æвзаг уырыссаг[1]
Хорзæхтæ
Фæллойадон Сырх Тырысайы орден орден «Кады Нысан» медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»
Сталины преми

Гулиа Дмитрийы фырт Георгий (1913-æм азы 14 мартъийы, Сухум, Уæрæсейы импери1989-æм азы 18 октябры, Мæскуы) уыди советон уырыссаг фыссæг; равзæрдæй уыди абхазаг. Гулиайы уацмысты бындур сты, Абхазы адæмы цард æмæ фæллойы хабæрттæ, стæй автор йæхæдæг, уым кусгæйæ, цы тæлмæнтæ рахаста, уыдон.

Сабибонтæ æмæ сфæлдыстадон куысты райдиан[ивын | Бындур ивын]

Георгий Гулиа райгуырдис нырыккон абхазаг литературæйы бындурæвæрæг æмæ ныртæккæйы абхазаг фыссынад саразæг Дмитрий Гулиайы бинонты ’хсæн.

Фæскавказы бастдзинады инженерты институт каст куы фæци, уæд райдыдта кусын йæ дæсныйадмæ гæсгæ, архайдта Сау денджызы былыл æфсæнвæндаг арæзтады. Лæппу ма куы уыди, уæд йæм рабæрæг ис сфæлдыстадон курдиат, кодта нывтæ. Йæ нывтæ æмæ графикæйы тыххæй йын 1943-æм азы лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны аивæдты сгуыхт кусæджы ном.

1930-æм азты Георгий акодта фыццаг къахдзæфта литературæйы. Уæды заман ныффыста сывæллæттæн цыбыр радзырдтæ æмæ уацаутæ. Хицæн чиныгæй рацыдысты 1937-æм азы (æмбырдгонд «Рассказы у костра»).

Хæсты фæстæ Гулиа æрцарди Мæскуыйы. Уым æй фæхуыдтой кусынмæ «Литературон газет»-ы редакцимæ.

1947-æм азы Георгий бавнæлдта нырыккон абхазаг фæсивæды цардыл уацмыс ныффысынмæ, æмæ уый охыл ацыди Абхазмæ йæ чиныгæн æрмæг æмбырд кæнынмæ. 1948-æм азы роман «Весна в Сакене» æрцыд мыхуыргонд журнал «Новый мир»-ы. Чиныгкæсджытæ йыл сæмбæлдысты æхсызгонæй. 1949-æм азы ацы уацмысы тыххæй Гулиайæн лæвæрд æрцыд Сталины æртыккаг къæпхæны преми.

Йæ дарддæры сфæлдыстад[ивын | Бындур ивын]

Йæ фыццаг романы хæд фæстæ Гулиа рауагъта, уыимæ тематикон æгъдауæй баст чи уыдысты, ноджы ахæм дыууæ чиныджы: «Добрый город» (1949) æмæ «Кама» (1951). Ацы æртæ романы иумæ сты трилоги «Друзья из Сакены» (фæстаг хатт редакцигонд æрцыд 1954-æм азы).

Ныры дуджы хабæрттыл ныхас цæуы йæ иннæ уацмысты. 1961-æм азы мыхуырæй рацыд роман «Каштановый дом». Фыст у ахуыргæнæг сылгоймаджы боныджы хуызы — университет каст фæуыны фæстæ уый кусынмæ æрвыст æрцыд абхазаг хъæу Дубовая роща-мæ. Уыцы ран æрыгон педагог базыдта ног адæмы, базонгæ ис сæ цардыуаг æмæ æгъдæуттимæ. 1961-æм азы фыссæгæн рацыди роман «Пока вращается земля». Уацмысы сæйраг герой у вирусолог Иконников, кусы Эксперименталон патологи æмæ терапийы институты Сухумы сахары. Чиныджы рæгъмæ хаст æрцыдысты æгъдау æмæ этикæйы ахсджиагдæр фарстатæ, ныхас дзы цæуы ахуыргонды, зонадон кусæджы моралон хæсы тыххæй; уыдонæй уæлдай ма автор йæ романы йе ’ргом здахы нырыккон аивад æмæ литературæйы проблемæтæм.

Кæд ма ныры дуджы темæ фыссæджы дарддæр дæр сайдта йæхимæ, уæддæр уый фылдæр йе ’ргом аздæхта историон æмæ историон-биографион романы жанрмæ. Йæ сфæлдыстадон фæндаджы ацы здæхтæн сæрæвæрæн скодтой, XIX æнусы уырысы-турчы хæсты заман Абхазы историйыл фыст романтæ: «Черные гости» (1950) и «Водоворот» (1959). Уый фæстæ фыссæг сарæзта йæ фыды аивадон биографи «Дмитрий Гулиа. Повесть о моем отце» (1963).

Историон хабæрттыл кæй ныффыста, Гулиайы уыцы уацмысты ’хсæн зынгæдæр бынат ахсы ацы трилоги: «Фараон Эхнатон» (1968), «Человек из Афин. Хроника в шести книгах» (1969), «Сулла» (1971).

1970–80-æм азты Георгий Гулиа сфæлдыста, юмор æмæ цыргъзондæй йедзаг чи сты, ахæм къаннæг радзырдтæ æмæ новеллæтæ. Уыдон бацыдысты йæ «къаннæг прозæйы» бирæнымæц æмбырдгæндтæм. Фæстаг азты ма ныффыста цалдæр чиныджы, канд Абхазы тыххæй нæ, фæлæ æндæр адæмты æмæ бæстæты тыххæй. Уымæй уæлдай ма у Александр Блок, Михаил Лермонтов, Омар Хайям æмæ Рембрандты аивадон цардафыстыты автор.

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]