Гугкаты Сергей

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Гугкаты Савелийы фырт Сергей (райгуырдис 1912-æм азы Хуымæллæджы, амардис 1966-æм азы 17 сентябры Дзæуджыхъæуы) уыдис СЦКП-йы архайæг, Вагæттæ цалцæггæнæн заводы директор, стæй та Орджоникидзейы (Дзæуджыхъæуы) горкомы фыццаг секретарь.

Гугкаты Сергейы ном хæссы Дзæуджыхъæуы уынгтæй иу (Гугкайы-фырты уынг).