Годжыциан-Челдыты Надя
Внешний вид
| Годжыциан-Челдыты Надя | |
|---|---|
| Райгуырды датæ | 1947 |
| Райгуырæны бынат | |
| Архайды хуыз | поэтессæ |
Годжыциан-Челдыты Семёны чызг Надя (райгуырдис 1947-æм азы Гуырдзыстоны Мгъебрианы хъæуы) у ирон поэтессæ.
1952-æм азы Сталины барамындмæ гæсгæ хъæуы цæрджыты ралидзын бахъуыди, ныр Мæхъхъæлмæ чи хауы, уыцы районмæ. Фæстæдæр Годжыцаты бинонтæ æрцардысты Майрæмададжы. Надя каст фæци астæуккаг скъола, 1968 азы та — Дзæуджыхъæуы педагогон училищæ, 1970-1980 азты царди Молдавийы, кодта æхсæнадон куыст[1].
Надяйы æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Ирон цырагъ» рацыди 2005-æм азы чиныгуадзæн «Ир»-ы.
Фырттæ
[ивын | Бындур ивын]- Челдыты Дмитрий
- Челдыты Вадим (р. 1981-æм азы) — оперон зарæггæнæг
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирон поэзийы антологи. // «Мах дуг», №3/2008.