Гагуатæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

ГагуатæДыгуры уæлдæр æхсæнады къордтæй иуы минæвæрттæ, Доныфарсы æхсæнады феодалтæ. Се ’хсæнадон статусмæ гæсгæ æмбар уыдысты Цæргæсатимæ, фæлæ лæууыдысты Бадилатæй дæлдæр. Гагуатæ сæ кæрæдзийæн, стæй Цæргæсатæн чызг лæвæрдтой; чызг хастой бадилатæй, стæй кæсгон æмæ балхъайраг æлдæртты бинонтæй.

Равзæрд[ивын | Бындур ивын]

Гагуаты мыггаг куыд фæзынд, уый тыххæй ис дыууæ таурæгъы. Иу таурæгъмæ гæсгæ, Гагуаты фыццаг фыд Гагуа раджы кæддæр æрцард Æрæфы доны галиу фарс, Доныфарс кæй схуыдтой фæстæдæр адæм, уым. Доныфарсмæ æрбахаудтой æндæр хъæутæй бирæ цæрджытæ, æмæ Гагуатæн фыстой хъалон. Иннæ таурæгъмæ гæсгæ та, раджы кæддæр Доныфарсмæ æрбафтыд Асыйæ дыууæ æфсымæры Сата æмæ Гагуа. Бынат сæ зæрдæмæ фæцыд æмæ дзы æрцардысты. Сата уыцы бынат схуыдта Лезгор. Гагуа та йæхицæн бынат равзæрста, Лезгорæн йæ Хуссар фарс, Доныфарс кæй схуыдтой, уым.

Мыггæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2005. — С. 65.
  • Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — С. 53.
  • Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — С. 218–220.
  • Дзадзиты А., Дзуццаты X., Хъараты С. Ирон адæмы этнографи æмæ мифологи. Цыбыр дзырдуат. — Дзæуджыхъæу, 1994. — С. 43.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]