Елбийтæ
Внешний вид
(Елбитæ-æй æрвыст)
Елбийтæ[1] кæнæ Елбитæ[2] (уырыс. Елбиевы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Елбиты мыггаг равзæрд Кобегкаты мыггагæй. Кобегкаты Елбийы фырт Заурбег куы слæг, уæд йæ мыггаг, йæ фыды номыл скодта, Елбитæ, зæгъгæ. Заурбег ус ракуырдта — фыццаг нарыхъæуккаг Хуадты чызджы. Уымæй йын уыд фондз фырты: Цæппо, Гъуллæ, Мæхæмæт, Бадзай æмæ Гæма. Уый фæстæ Зауырбег Хуадононы ныууагъта æд сывæллæттæ æмæ йын хистæртæ ракурын кодтой, Кобегкатæм цы æнæлæг сылгоймаг уыд, уый. Зауыры фондз фырты сæ мады фæндонмæ гæсгæ райстой сæ мады мыггаг — Хуадонты мыггаг, æмæ Доныфарсы фæзындис Хуадонты мыггаг.[3]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
- ↑ Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.