Гагабарз

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Гагайы бæрзонд-æй æрвыст)
Гагабарз
Кæм ис Цæгат Ирыстон
Хохы системæ Кавказ
Цъуппы бæрзæнд 1012,1 м
Гагабарз (Цæгат Ирыстон)
Гагабарз
Гагабарз (Горæтгæрон район)
Гагабарз

Гагабарз кæнæ Гагайы бæрзонд у хох æмæ хъæды ном Цæгат Ирыстоны. Хохы бæрзæнд у 1012,1 м. Ис хъæу Дзуарыхъæуы цур.

Радзырд[ивын | Бындур ивын]

Куырттаты коммæ фæзилæны, Дзуарыхъæуы бакомкоммæ, Фыййаджыдоны галиуфарс хæрдмæ бæрзонд фæцыд рагъ. Хæстæг хъæуты цæрджытæ йæ хонынц Гагабарзы рагъ. Æмæхгæд у алыхуызон бæлæстæй. Зайы йыл тæрс, фатхъæд, сусхъæд, тæгæр, кæрз, хъæддаг кæрдо æмæ фæткъуы, бал æмæ æндæр бæлæстæ. Рагъы бын цы къудзитæ зайы, уыдоны ’хсæн ис мыртгæ, æхсæр, уагъылы, мугæ, æхсынцъы, дурвæткъуы æмæ æндæр бæлæстæ. Рагъы фæхстыл цы бæлæстæ зайы, уыдонæй иуæй-иутæ ирон адæмы фыдæлтæн уыдысты ориентиртæ æмæ сæ хуыдтой сæрмагонд нæмттæй: хæстæисæн бæлас, галбæлас, дзæгъæл бæлас, цъуппæхсæст бæлас æмæ æнд. Гагабарзæй ма ирон адæмы фыдæлтæ пайда кодтой, цыма сын зæххы куыстытæ зонæн къæлиндар уыди, уый хуызæн. Дзуарыхъæуы зæронд цæрджытæй Куыдзиаты Алхæст, Гайси, Цопанаты Арсæмæг æмæ Мырзайæ фехъуыстон ахæм ныхæстæ: «Уалдзæг у, уалдзæг сыфтæр рагъыл хæрдмæ, хъæды сæрмæ фæцæуы, хæстæисæн бæлас къуыбыр æфтауы, нартхор тауынæн фæстиат нал хъæуы». Кæнæ та: «Сыфтæр хъæды сæрмæ схæццæ ис, нартхор тауынæн ныр æрæджы у» æмæ афтæ дарддæр.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. 1975
  • Чъерджиаты Барис. Гагабарзы рагъ(æнæбаххæсгæ æрвитæн) // Рæстдзинад. — 2019. — 17 август (№ 146 (24911)).