Перейти к содержанию

Гæды

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Гæды
Зонадон классификаци
Паддзахад:
Дæлпаддзахад:
Кладæ:
Дæлкълас:
Кладæ:
Инфрæкълас:
Грандкъорд:
Къорд:
Дæлкъорд:
Бинонад:
Дæлбинонад:
Мыггаг:
Хуыз:
Гæды
Æхсæнадæмон зонадон ном
Felis catus Linnaeus, 1758
Синонимтæ
  • Felis silvestris catus (Linnaeus, 1758)
  • Felis catus domestica
    (Erxleben, 1777)
  • Felis domestica Erxleben, 1777

Гæды, дыгур. тикис (лат. Felis silvestris catus) у хæдзарон цæрæгой. Фыццаг чи сæрмахуыр кодта гæдыйы, уый уыдысты Рагон Мысыры цæрджытæ; Мысыры гæдытæ хордæттæ æхсынæгтæй хъахъхъæдтой.

Гæдытæ тынг хорз уынынц лæмæгъ рухсы.

Гæды культурæйы

[ивын | Бындур ивын]

Рагон Мысыр

[ивын | Бындур ивын]

Мысирæгтæн гæды цыппар мин азы размæ райдыдта лæггад кæнын. Уый канд мыстахсæг нæ уыди, фæлæ хъахъхъæдта кувæндæтты хæзнатæ дæр. Мысираг гæды сыгъдæг цæрæгойыл нымад уыди. Суанг ма сылгоймаг-хуыцау Бакотæн дæр уыд гæдыйы сæр.

Гæды æмæ чырыстон дин

[ивын | Бындур ивын]

XIV æнусы инквизици тынг бафхæрдта æназым гæдыты. Инквизитортæ уыдон дæлимонты лæггадгæнджытæ хуыдтой. Ауыгътой сæ ауындзæнтыл, сыгътой сæ арты.

Уæрæсейы чырыстон дин гæдытæм фæлмæндæр цæстæй ракастис. Уыди сын моладзандонты цæрыны бар. Раст зæгъын хъæуы фæстæдæр гæдыты сраст кодтой католиктæ дæр. Суанг кардинал Ришельёйæн йæ хæдзары уыди цыппæрдæс фæлмæнхъуын гæдыйы.

Гæды скæсæйнаг бæстæты

[ивын | Бындур ивын]

Кæд китайаг гороскопы гæды нæй, уый у япойнаг æмæ вьетнамаг гороскопы уæнг (китайаг Кроличы азы бæсты Япон æмæ Вьетнамы цæуы Гæдыйы аз). Китайаг таурæгъмæ гæсгæ гороскоп уыры арæзта, æмæ йæ дзы гæды бауадзын нæ бафæндыд.

Гæды пысылмон дины

[ивын | Бындур ивын]

Урс гæды у иунæг цæрæгой, мæзджытмæ бацæуыны бар кæмæн ис, ахæм. Пысылмон таурæгътæм гæсгæ, пехуымпар Мæхæмæт гæдыты уарзта: иу хатт кувыны рæстæг йæ халаты дысыл бафынæй иу гæды; пехуымпар кувын куы фæци, уæд, цæмæй гæды ма бахъыгдара, йæ дыс алыг кодта.