Перейти к содержанию

Булацаты Хазби

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Булацаты Хазби
Райгуырды датæ 1932
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1984
Зонады къабаз филологи
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]

Булацаты Сергейы фырт Хазби (1932—1984) у зындгонд советон ахуыргонд, æхсæнадон архайæг, журналист æмæ педагог[1], филологон зонæдты доктор.

Йæ фыд уыдис зындгонд литератор, тæлмацгæнæг Булацаты Сергей. Репрессигонд æрцыдис, æмæ йæ йæ фырт 24 азмæ нал федта[1].

Каст фæци Ленинграды паддзахадон университет æмæ кусынмæ æрвыст æрцдыдис Липецчы облæстмæ. Уым канд уацхæссæг нæ уыд, фæлæ ма сси фæскомцæдисон фæтæг, облæсты фæсивады минæвæртты ’хсæн бацархайдта Мæскуыйы фæсивад æмæ студентты фестивалы. 1961-æм азæй цардис Дзæуджыхъæуы, уыдис дзы фæскомцæдисы кусæг, фæстæдæр сси республикæйы фæскомцæдисы комитеты фыццаг секретарь (ома сæрдар). 1962-æм азы абалц кодта Хельсинкимæ уымы Фæсивад æмæ студентты фестивальмæ. Уыдис ЦИ АССР-йы Уæлдæр Советы депутат дæр.

1969-æм азæй йæ амæлæты бонмæ куыста Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультеты. 1979-æм азæй уыдис уыцы факультеты журналистикæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг[1].

Булацаты Хазби иртаста регионалон мыхуыры истори. Уый йеддæмæ бирæ бакодта Дзасохты Гигойы ном ссыгъдæг кæныныл, рауагъта Гигойы тыххæй чиныг æмæ цалдæр уацы.

Булацаты Хазби цардхъуагæй амард 1984-æм азы.

Йæ фырт Сергей (р. 1965) сси япойнаг æвзаг иртасæг, кусы Бетъырбухы паддзахадон университеты скæсæйнаг факультеты япойнаг æвзаджы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæй.

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 1,2 Булацев Хазби Сергеевич. Избранное: статьи, рецензии, рассказы, письма. СПб:Изд-во СПбГУ, 2018.