Боциты Алыксандр

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Боциты Никъалайы фырт Алыксандр (райгуырдис 1938-æм азы Къора-Урсдоны) у ирон поэт.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Боциты Алыксандр райгуырди Къора-Урсдоны. Каст фæци авдазон скъола. Йæ афон куы ’рхæццæ, уæд æм фæсидтысты æфсады рæнхъытæм. Æртæ азы фæстæ сыздæхт Ирыстонмæ æмæ кусынмæ бацыди завод «Победит»-мæ. Бакуыста дзы фондз æмæ ссæдз азæй фылдæр.

Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта 1956 азы. Мыхуыры йын цыдысты газет «Рæстдзинад»-ы, журнал «Мах дуджы».[1]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012