Бонвæрнон

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бонвæрноны къори

Бонвæрнон[1][2] (символ: ♀) у Хурæй дардмæ дыккæгæм планетæ Хуры системæйы. Æрвон буæрттæй Хур æмæ Мæйæ фæстæмæ Бонвæрнонæй тынгдæр ничи рухс кæны. Атмосферæйæн йæ ~96,5 % сты æвзалытуаг газ, азот — ~3,5 %.

Бонвæрноны диаметр у 12092 км, йæ массæ у Зæххы массæйы 81,5%.

Нæмттæ[ивын | Бындур ивын]

Æндæр нæмттæ: Боброн[2], Кæрдæджы стъалы[2], Сæууон стъалы[3], Райсомы стъалы. Æндæр дыгурон вариант: Бонвæрнæ.

Йæ рæсугъд хуызы тыххæй йæ схуыдтой Венерæ — афтæ хуынди ромаг мифологийы уарзондзинады æмæ рæсугъддзинады хуыцау.

Этимологи[ивын | Бындур ивын]

Бонвæрнон = боны фарн + фæсæфтуан -он.[4]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Сиукъаты Никъала. Дун-дуне нæ алфæмблай — Дзæуджыхъæу, Ир, 1993 — 469 ф.
  2. 2,0 2,1 2,2 Уырыссаг-ирон дзырдуат. Сарæзта йæ Абайты Васо. Дыккаг, срастгонд æмæ баххæстгонд рауагъд. Редактор Исаты М.И, рауагъдад «Советон Энциклопеди». Мæскуы — 1970
  3. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. III том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Ленинград, 1979.
  4. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. I том. ССРЦ-ы Зонæдты Академийы рауагъдад. Мæскуы-Ленинград, 1958.