Мумбаи

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Бомбей-æй æрвыст)
Сахар
Мумбаи
маратх. मुंबई, хинди मुम्बई, англ. Mumbai
18°58′ с. ш. 72°50′ в. д.HGЯO
Паддзахад Инди Инди
Штат Махараштрæ
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1507[1]
Раздæры нæмттæ 1995 азы агъоммæ — Бомбей
Фæзуат 603,4 км²
Центры бæрзæнд 11 м
Сахатон таг UTC+5:30
Цæрджытæ
Цæрджытæ
  • 15 414 288 ад. (2018)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +91 22
Посты индекстæ 110 xxx
Автомобилон код MH-01, MH-02, MH-03
portal.mcgm.gov.in
Мумбаи (Инди)
Мумбаи (Махараштрæ)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Мумба́и кæнæ Мумба́й (маратх. मुंबई, англ. Mumbai), 1995-æм азы агъоммæ — Бомбе́й (англ. Bombay) у сахар Индийы ныгуылæны, Араббы денджызы былгæрон. Йæ цæрджыты нымæц у 13,6 милуанæй фылдæр, уымæй у Индийы стырдæр сахар. Канд уый нæ, фæлæ у бæстæйы ахсджиагдæр экономикæ, финанстæ æмæ ирхæфсæнты артдзæст. Сахары портмæ хауы Индийы фурдыл уæзласты 70%.

Мумбаи у Махараштрæйы штаты административон центр.

Мумбаи райрæзтис, авд хицæн сакъадахыл цы кæсагахсджыты цæрæнрæттæ уыдис, уыдонæй. Гуджараты сах сакъадæхтæ радта португайлæгтæн 1534-æм азы декабры, уым фæзынди европæйæгты фыццаг колони Индийы.

Цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]

Бомбейы цæры 13,6 милуан адæймагæй фылдæр. Йæ алфамбылай цы чысылдæр цæрæнрæттæ и, уыдонимæ уыцы нымæц 23 милуанмæ схæццæ æмæ сси дунейы цыппæрæм стырдæр сахарон агломераци (Токио, Нью-Йорк æмæ Мехикойы фæстæ).

Этникон сконд[ивын | Бындур ивын]

Сæ адæмыхатмæ гæсгæ Бомбейы цæрджыты æрдæг сты маратхæгтæ, цыппæрæм хай та — гуджаратæгтæ. Бомбеймæ кусынмæ æрбацæуынц адæм Индийы алы регионтæй, уый тыххæй дзы алыхуызон адæмыхатт æмæ дины минæвæрттæ цæрынц. Алы 1000 нæлгоймагæн хауы æрмæст 933 сылгоймаджы, уый тыххæй æмæ дзы бирæ рæстæгмæ кусджытæ цæрынц, сæ фылдæр налгоймæгтæ.

Дин[ивын | Бындур ивын]

Сæ динмæ гæсгæ бомбейæгтæ сты индуисттæ (68%), пысылмæттæ (17%), буддисттæ (4%), чырыстæттæ (4%) æмæ æндæртæ. Сахары ис XVIII æнусы сомихаг аргъуан дæр.

1990-æм азты райдианæй динты ’хсæн уавæр скарз ис — вæййы дзы суанг теракттæ æмæ быцæутæ дæр. 2006-æм азы срæмыгъдæуыд æфсæнвæндаг. Теракты азарæй фæмардис 209 адæймаджы, авдсæдæйæ фылдæр та фесты цæфтæ[2]. 2008-æм азы ноябры террористты дæс лæбурдæй фæмардис 173 адæймаджы, 308 фæцæф сты, цалдæр ахсджиаг амаддзаджы æрцыдысты хæлд[3].

Æвзæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Кæрæдзи ’хсæн Бомбейы цæрджытæ дзурынц, бамбаийа-хинди, зæгъгæ, ахæм хæццæ æвзагыл. Уый у хиндийы хуымæтæгдæргонд здæхт бирæ англисаг, гуджаратаг æмæ маратхаг дзырдтæ фразæтимæ хæццæйæ. Популярондæр индиаг фильмты геройтæ дзурынц уыцы здæхтыл.

Культурæ[ивын | Бындур ивын]

Бомбей у Индийы кинойы авдæн æмæ ахсджиагдæр артдзæст. Бомбейы кинотæ исынæн цы фæрæзтæ ис, уыдонæн ис иумæйаг ном Болливуд (америкæйаг Голливуды хуызæн). Æрвылаз Болливуд рауадзы 150–200 ног кинонывы[4].

Бæстыхъæд[ивын | Бындур ивын]

Мумбаийы бæстыхъæд (климæт) у тропикон, афæдзы фылдæр хай боныхъæд у хус, фæлæ июнь æмæ июлы бирæ фæуары мусонты аххосæй. Мусонтæ куы ’рбацæуынц, уæд Мумбаийы дæттæ арæх раивылынц. Иннæ стыр фарста сахарæн у йæ уæлдæфы сыгъдæгдзинад, æрвылаз мингай цæрджытæ мæлынц, уæлдæф æгæр чъизи кæй у, уый тыххæй[5].

Сахары истори[ивын | Бындур ивын]

Бомбей цы сакъадæхтыл лæууы, уыдон 1534-æм азы Португали байста Гуджаратæй. Португайлаг амидингæнджыты руаджы бынæттон цæрджытæ райдыдтой исын чырыстон дин.

Фæстæдæр, 1661-æм азы, Португали уыцы сакъадæхты къорд балæвæр кодта Англисы къарол Карл II-æн куыд португайлаг принцессæ Екатеринæ де Брагансæйы чындзы дзаума.

Нырыккон Бомбейы бындур æвæрд æрцыд 1672-æм азы. Сакъадæхты фыццаг бритайнаг губернатор сси Джордж Оксенден. 1784-æм азмæ сакъадæхтæ баиу сты донмарæнтæ æмæ соса фæндæгты фæпцы.

Сахары тагъд рæзт баст уыдис бæмбæджы сæудæджеримæ — уæлдайдæр АИШ-ы мидхæсты рæстæг (18611865).

Сахары уынд[ивын | Бындур ивын]

Сахары уынд изæрыгон

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. MumbaiБритайнаг энциклопеди.
  2. "Special Report: Mumbai Train Attacks". BBC News. 2006-09-30. http://news.bbc.co.uk/2/hi/in_depth/south_asia/2006/mumbai_train_attacks/default.stm. Retrieved on 2008-08-13.
  3. Press Information Bureau (Government of India) (2008-12-11). HM announces measures to enhance security. Press release. http://pib.nic.in/release/release.asp?relid=45446. Retrieved on 2008-12-14.
  4. Ganti, Tejaswini (2004). "Introduction". Bollywood: a guidebook to popular Hindi cinema. Routledge. ISBN 0-415-28854-1.
  5. http://timesofindia.indiatimes.com/city/mumbai/air-pollution-killed-81000-in-delhi-mumbai-cost-rs-70000-crore-in-2015/articleshow/56656252.cms

Литературæ[ивын | Бындур ивын]