Блиты Марк

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Блиты Марк
Гуырæн ном уырыс. Марк Максимович Блиев
Райгуырды датæ 1929-æм азы 5 январы(1929-01-05)
Райгуырæны бынат Быдыры Дæргъæвс
Мæлæты датæ 2011-æм азы 22 ноябры(2011-11-22) (82 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз кавказзонынад æмæ Ирыстоны истори[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн историон зонæдты доктор[d]
Ахуырадон ном профессор[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
орден Почёта орден Почёта
Уæрæсейы Федерацийы зонады сгуыхт кусæг

Блиты Максимы фырт Марк (райгуырдис 1929-æм азы Быдыры Дæргъæвсы, амардис 2011-æм азы 21 ноябры[1]) у Кавказы истори иртасæг.

1947-æм азы каст фæци хъæууон скъола, 1951-æм азы та — Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты историон факультет.

1956-æм азы Мæскуыйы паддзахадон университеты каст фæци ССР Цæдисы историйы капитализмы дуджы кафедрæйы аспирантурæ. Историон зонæдты кандидат сси, афтæмæй Мæскуыйæ сыздæхт йæ фыдыуæзæгмæ æмæ 1958—1963 азты разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны зонадон-иртасæг институты историйы хайадæн. 1964-æм азы кусын райдыдта педагогон институты — ныры ЦИПУ-йы. 1967-æм азы Мæскуыйы университеты бахъахъхъæдта докторы диссертаци «Уырыссаг-ирон ахастытæ (XVIII æнусы 40-æм азтæ — XIX æнусы 30-æм азтæ)». 1969—1974 азты профессор Блиты Марк уыди ЦИПУ-йы историон факультеты декан, 1980-æм азæй нырмæ та иудадзыг лæууы ССР Цæдисы историйы революцийы агъоммæйы заманы кафедрæйы сæргъы (1992-æм азæй фæстæмæ хуыйны Уæрæсейы историйы æмæ Кавказ иртасыны кафедрæ).

Блиты Марк ЦИПУ-йы мидæг Цæгат Ирыстон — Аланийы историйы æмæ археологийы институтæн у йæ бындурæвæрæг æмæ йæ директор.

Бзарты Русланимæ у астæуккаг скъолатæн ахуыры чиныг «Ирыстоны истори»-йы автор.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]