Перейти к содержанию

Бирæгътæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бирæгътæ
Лабæйаг Бирæгътæ
Лабæйаг Бирæгътæ
Рагон мыггаг Цæразонтæ
Æрвадæлтæ Уырымтæ
Кæм цардысты Бирæгътыхъæу, Цъамад
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бирæгътæ[1] (уырыс. Бираговы) сты ирон мыггаг.

Бирæгъ æмæ Уырым æфсымæртæ уыдысты, цардысты Уæлладжыры комы, Цъамады. Цъамады ныронг дæр ис сæ мæсыг, мæсыгы цур та сæ хуым, æмæ сæ хонынц «Бирæгъты мæсыг», «Бирæгъты хуым». Бирæгъ кæйдæр амардта æмæ Зругмæ алыгъд. Уым уæд цæрæг нæма уыд, хъæд уыд. Ам баззад цæргæйæ. Уырым та баззад Цъамады æмæ йæ номæй рацыд мыггаг — Уырымтæ.[1]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005