Биазырты Кромвел
Биазырты Кудзийы фырт Кромвел (райгуырдис 1940-æм азы Чысангомы) у ирон поэт, историк, Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институты хистæр ахуыргæнæг.
Цардафыст
[ивын | Бындур ивын]Биазырты Кромвел райгуырдис Хуссар Ирыстоны Чысангомы, ахуыргæнæджы хæдзары. Каст фæци Цхинвалы 2-æм астæуккаг скъола æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон факультет.
Куыста уацхæссæгæй газетты редакциты, Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон музейы, Хуссар Ирыстоны культурæйы министрæй. Ныртæккæ у Цæгат Ирыстоны ахуыргæнджыты дæсныйад хуыздæргæнæн институты хистæр ахуыргæнæг.
Йе ’мдзæвтæтæ мыхуыргонд цæуынц журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуджы». Рауагъта дыууæ поэтикон чиныджы: «Реквием» (чиныгуадзæн «Хусар Алани», 2008), «Ирон сылгоймагмæ...» (чиныгуадзæн «Ир», 2010).[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирыстоны поэзи // Чиныг сарæзта æмæ цыбыр биографион зонæнтæ ныффыста Хъодзаты Æхсар. Дзæуджыхъæу, Издательство «Веста», 2012