Бестауты Светланæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.

Бестауты Къостайы чызг Светланæ 1969 азæй 1974 азмæ хъазыд Гуырдзыстоны æмбырдгонд командæйы волейболæй. Нымад уыд хуыздæр хъазæгыл. Бæрзонд систа Ирыстоны кад. 1974-1975 азты хъазыд Советон Цæдисы æмбырдгонд командæйы. Бирæ фæсарæйнаг бæстæты равдыста йæ диссаджы æвзыгъддзинад. Уыд Венгрийы, Польшæйы, Латвийы æмæ æндæр бæстæты. Йæ хорз хъазты тыххæй хорзæхджын уыд бирæ грамотæтæ æмæ призтæй. Уый стыр кад уыд Ирыстонæн.