Перейти к содержанию

Бекаайы тæрф

34°00′32″ с. ш. 36°08′43″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Бекаайы тæрф
арабб. وادي البقاع
Сæнæфсирдон Захлейы цур
Сæнæфсирдон Захлейы цур
Характеристикæ
Дæргъ120 км
Уæрх16 км
Ран
34°00′32″ с. ш. 36°08′43″ в. д.HGЯO
Бæстæ
Ливан
Бекаайы тæрф
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Бекаайы тæрф (арабб. وادي البقاع‎‎ [wādī l-Biqāʕ], ливайнаг æвзаджы здæхтыл: [bʔaːʕ]) у Ливаны скæсæны дæлвæз, бæстæйы хъæууон хæдзарады ахсджиагдæр район.

Тæрф у Бейрутæй 30 км æдде, рæгътæ Ливан æмæ Антиливаны ’хсæн. Йæ дæргъ у 120 км бæрц, уæрх — 16 км. Бæстыхъæд у зæххастæуденджызон, сæрд вæййы тæвд æмæ хус, зымæг та — уазæл, арæх уары мит.

Цæрджытæ рæзын кæнынц сæнæфсир æмæ æндæр культурæтæ. Регионы баззадис бирæ рагон заманы фенддæгтæ.