Бекаайы тæрф
Внешний вид
| Бекаайы тæрф | |
|---|---|
| арабб. وادي البقاع | |
Сæнæфсирдон Захлейы цур | |
| Характеристикæ | |
| Дæргъ | 120 км |
| Уæрх | 16 км |
| Ран | |
| 34°00′32″ с. ш. 36°08′43″ в. д.HGЯO | |
| Бæстæ | |
Бекаайы тæрф (арабб. وادي البقاع [wādī l-Biqāʕ], ливайнаг æвзаджы здæхтыл: [bʔaːʕ]) у Ливаны скæсæны дæлвæз, бæстæйы хъæууон хæдзарады ахсджиагдæр район.
Тæрф у Бейрутæй 30 км æдде, рæгътæ Ливан æмæ Антиливаны ’хсæн. Йæ дæргъ у 120 км бæрц, уæрх — 16 км. Бæстыхъæд у зæххастæуденджызон, сæрд вæййы тæвд æмæ хус, зымæг та — уазæл, арæх уары мит.
Цæрджытæ рæзын кæнынц сæнæфсир æмæ æндæр культурæтæ. Регионы баззадис бирæ рагон заманы фенддæгтæ.