Байцатæ
Внешний вид
| Байцатæ | |
|---|---|
| Бындурæвæрæг | Байца |
| Æрвадæлтæ | Хроматæ, Бердиатæ, Гаппатæ[1] |
| Кæм цардысты | Уæллаг Фæснæл |
Байцатæ (уырыс. Байцаевы) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
[ивын | Бындур ивын]Мыггаг равзæрдис Фæснæлы хъæуы цæрæг Хъуыбадты мыггагæй. Хъубадты Тазæретæн йæ ус уыд Асеты чызг. Райгуырд ын æртæ фырты: Байца, Хрома æмæ Гапбо. Хрома æмæ Гапбо Фæснæлæй фæлыгъдысты: Хрома — Чырыстонхъæумæ, Гапбо — Гæлиатмæ. Байца цæргæйæ баззад Фæснæлы. Æфсымæртæ сæ мыггæгтæ сæ нæмттæй схуыдтой: Фæснæлы — Байцатæ, Гæлиаты — Гапбатæ, Чырыстонхъæуы — Хроматæ.[1]
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- 1 2 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.