Бæройты Михал
Бæройты Михал | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1919-æм азы 15 январы |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1994-æм азы 12 февралы (75 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æфсæдты хуыз | фистæгæфсад[d] |
Командæ кодта | взвод[d] |
Тохтæ | |
Хорзæхтæ æмæ премитæ |
Бæройты Михал (райгуырд Джызæлы 1919-æм азы, фæзиан Дзæуджыхъæуы 1994-æм азы 11 февралы) — Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, æфсадæй рацыд 1970-æм азы инæлар-майоры цины.
Бæройы-фырт Ленинграды фронты тохы бацыд 1941-æм азы августы. Уæд уыдис бастдзинады взводы командир. Блокадæйы азты иудадзыгдæр уыд раззагдæр хаххыл.
1944-æм азы ноябры 25-аздзыд майор Бæройты Михалы снысан кодтой æхсæг полчъы командирæй. Уыцы иу аз йæ райстой коммунистон партийы рæнхъытæм дæр.
Хæсты рæстæг æдæппæт цыппар хатты цæф æрцыди, цалдæр хатты райста контузи. Йе сгуыхтдзинæдты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Сырх Тырысайы дыууæ ордены, Александр Невскийы орден, Фыдыбæстæйы хæсты 1-аг къæпхæны дыууæ æмæ 2-аг къæпхæны иу орден, Сырх Стъалыйы орден æмæ 18 майданы (уыдонимæ «Æхсæрдзинады тыххæй», «Ленинград хъахъхъæныны тыххæй» æмæ «Ирыстоны намысæн»).
Бæройты Михалы ном хæссы Джызæлы скъола-интернат, уыцы ахуырдоны 2008-æм азы сæвæрдтой Бæройы-фырты бюст, хъæуы уынгтæй иуæн лæвæрд æрцыд инæлар-майор Бæройты Михалы ном, Дзæуджыхъæуы цы хæдзары цард, уый къулыл ис йæ номарæн къæй.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Дзопойты Ю., Аланты А. Джызæйлаг хъæбатыр инæлар. // Рæстдзинад, № 50 (22381), 2009 азы 25 мартъи
- Страницы, использующие JsonConfig
- 15 январы чи райгуырдис, уыдон
- 1919-æм азы чи райгуырдис, уыдон
- Джызæлы чи райгуырдис, уыдон
- 12 февралы чи амардис, уыдон
- 1994-æм азы чи амардис, уыдон
- Дзæуджыхъæуы чи амардис, уыдон
- Сырх Стъалыйы ордены кавалертæ
- Зындгонд адæм алфавитмæ гæсгæ
- Ирæттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты
- Бæройтæ