Африкæйы Сыкъа
Внешний вид
(Африкаг Сыкъа-æй æрвыст)
Африкæйы Сыкъа | |
---|---|
Характеристикæ | |
Фæзуат | 750 000 км² |
Ран | |
8° с. ш. 48° в. д.HGЯO | |
Акватори | Адены бакæлæн, Индийы фурд |
Бæстæтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Африкæйы Сыкъа (сомал. Geeska Afrika, геэз የአፍሪካ ቀንድ, арабб. القرن الأفريقي), Сомалийы æрдæгсакъадах дæр æй хонынц, у цæгат-скæсæйнаг Африкæйы регион, Адены бакæлæны хуссар былгæроныл. У Африкæйæн йæ скæсæндæр бынат.
Астæузаманы араббаг автортæ Африкæйы Сыкъа хуыдтой Биляд аль-Барбар (ома, «Берберты бæстæ»)[1][2].
Регионмæ хауынц Джибути, Сомали, Эритрей æмæ Эфиопи[3][4][5].
Регионы фæзуат у 2 милуан км², цæрынц дзы 90,2 млн адæймаджы (сæ фылдæр Эфиопийы — 75 млн).
Африкæйы Сыкъайы регион у дæргъвæтин кризисы бæстæ. Уый у дунейы тæккæ мæгуырдæр æмæ тæссагдæр регионтæй иу. 1982—1992 азты хæст æмæ стонгæй дзы амардысты 2 млн адæймаджы бæрц.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ J. D. Fage, Roland Oliver, Roland Anthony Oliver, The Cambridge History of Africa, (Cambridge University Press: 1977), p.190
- ↑ George Wynn Brereton Huntingford, Agatharchides, The Periplus of the Erythraean Sea: With Some Extracts from Agatharkhidēs "On the Erythraean Sea", (Hakluyt Society: 1980), p.83
- ↑ Robert Stock, Africa South of the Sahara, Second Edition: A Geographical Interpretation, (The Guilford Press: 2004), p. 26
- ↑ IRIN Africa
- ↑ Michael Hodd, East Africa Handbook, 7th Edition, (Passport Books: 2002), p. 21: "To the north are the countries of the Horn of Africa comprising Ethiopia, Eritrea, Djibouti and Somalia."