Асиаг адæм
Внешний вид
(Асыйæгтæ-æй æрвыст)
Асыйæгтæ | |
---|---|
Хином | Таулула |
Ахæлиу æмæ нымæц | |
Æдæппæт: ▲ 125 000 | |
Хъазахстан: 2300[2] Хъиргъиз: 1900[3] |
|
Иумæйаг информаци | |
Æвзаг | хъæрæсейаг-балхъайраг |
Дин | пысылмон дин |
Кæй сконды у | тюркаг адæмтæ |
Хæстæг адæмтæ | хъæрæсейæгтæ |
Викикъæбицы медиа |
Асыйæгтæ (иууон нымæц: иронау — асиаг, дыгуронау — æссон; нырыккон ном — балхъайрæгтæ; хином — таулула «хохæгтæ») сты Цæгат Кавказы цæрджытæ, Кæсæг-Балхъары бындурон адæм. Уыдон дзурынц хъæрæсейаг-балхъайраг æвзагыл. Балхъайрæгты фылдæр хай цæрынц Уæрæсейы (108 мины бæрц), сты Кæсæг-Балхъары титулон адæмыхæттытæй иу, уыцы республикæйы цæрджытæй 11,6%.
1944-æм азы 8 мартъийы æппæт асиаг (балхъайраг) адæм ралидзын кодтой Хъазахстан æмæ Астæуккаг Азимæ (уæлдайдæр Хъиргъизмæ). Фæстæмæ раздæхыны фадат сын фæзындис æрмæстдæр 1957-æм азы. 3 мины бæрц балхъайрæгтæ ныр дæр цæрынц Хъазахстаны.