Астæуккаг скъола № 2 (Мæздæг)
Астæуккаг скъола № 2 у Мæздæджы зæронддæр скъолатæй иу. Кусын байдыдта 1913-æм азы ахуыргæнæг Михаил Афанасьевы хъæппæрисæй. Скъола хæссы стыр уырыссаг поэт Александр Пушкины ном. 2002-æм азæй кусы йæ ныры бæстыхайы Форштадты уынджы.
2008-2009 ахуыры азы скъолайы куыстой лæвар къордтæ æмæ секцитæ: вокалы, кафыны, экологийы, информатикæйы, нывкæнынады, ирон æвзаджы æмæ æндæртæ[1].
Скъолайы ахуыргæнæг Таматы Е.Б. фæуæлахиз ис ирон æвзаджы ахуыргæнджыты республикон конкурсы куыд «Ахуыргæнæг-новатор»[1]. Ирон æвзаджы уроктæ ис 1-æм къласæй æвдæм къласы онг, уыдонæй 2–7 кълæсты — къуыри æртæ урочы (ахуыры пъланмæ гæсгæ).
Скъолайы ис Пушкины æмæ Хæстон намысы музейтæ, сывæллæтты организаци уадзы сæхи газет — «Импульс».
Скъола № 2 хорз скъолайыл нымад у, æмæ уый тыххæй дзы ахуыр кæнынц æрмæст мæздæггаг сывæллæттæ нæ, фæлæ йæ алфамбылай цы хъæутæ ис, уыдоны цæрджыты сæвæллæттæ дæр (хъæутæ Садовæй, Кондратенко, Раздольнæй, Сухотскæй, Дæллагхъæу (Весёлое), Хъарачу (Комарово)). Ахуырдзауты нымæц у 681 (2008–2009 ахуыры азмæ гæсгæ), уыдон сты 26 адæмыхаттæй — сæ фылдæр уырыссæгтæ (373), ирæттæ (93) æмæ сомихæгтæ (70).
Скъолайы адрис: Мæздæг, Форштадты уынг, 37.
Æддаг æрмæг
[ивын | Бындур ивын]- Скъолайы сайт (уырыс.)