Астæуккаг Хурыскæсæн
Астæуккаг Хурыскæсæн (перс. خاورمیانه, арабб. الشرق الأوسط, азерб. Orta Şərq, ивр. המזרח התיכון, курд. Rojhilata Navîn, тур. Orta Doğu) у Азийы бæстæты къорды иумæйаг ном. Уыцы къордмæ хауынц Æввахс Хурыскæсæн бæстæтæ стæй иуæй-иу æндæр: Афгъанистан, Пакистан. Афтæ дæр вæййы æмæ æрмæст уыцы æртæ паддзахады тыххæй зæгъынц «Астæуккаг Хурыскæсæн».
Астæуккаг Хурыскæсæн дырыс термин нæу, æмæ уый тыххæй уымæй пайда кæнынц суанг африкаг паддзахæдтæй дыууæйæн: Мысыр æмæ Суданæн. Араббаг кæнæ пысылмон бæстæтæ иугæнæг термин кæй у, афтæ дæр зæгъæн нæй, уый тыххæй æмæ Ливи (араббаг у) кæнæ Бангладеш (пысылмон у) Астæуккаг Хурыскæсæны бæстæтыл никуы нымайынц.
Термин критикæ кæнынц куыд æгæр европæйаг[1], уый тыххæй æмæ уыцы регион Европæйæ у скæсæн, фæлæ æндæр паддзахæдты цæстæнгасæй у ныгулæн кæнæ хуссар. Араббаг æвзагыл ис, æндæр æвзæгты дæр чи спайдачындæуыд, дыууæ ахæм термины: Магъриб (Цæгат Африкæйы араббаг паддзахæдтæ) æмæ Машрихъ («скæсæн», Азийы араббаг паддзахæдтæ).
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ The Middle East, in whose world? (Астæуккаг Хурыскæсæн, кæй дунейы?(недоступная ссылка). Датæ: 2009-æм азы 7 ноябры. Архив 2013-æм азы 18 октябры.