Арчил Къахеттаг

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Арчил
гуырдз. არჩილი
Къахеты æлдар

Райгуырдис
Амардис 786
Мыггаг Хосроидтæ
Фыд Стефаноз III[d]
Сывæллæттæ Джуаншер II[d] æмæ Иоване[d]
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Арчил (гуырдз. არჩილი) уыдис Къахеты чырыстон æлдар (кънйаз), цард VIII æнусы. Гуырдзиаг растуырнæг еклезимæ гæсгæ у чырыстон сыгъдæг.

Арчилы царды тыххæй зонæм гуырдзиаг азгайфыстыты æмбырдгонд «Картлис цховребайы» руаджы. Арчилы гыццыл кой дзы цæуы Джуаншеры куысты, æмæ æндæр цыбыр азгайфыст, æнæзонгæ авторæй æмæ æнæбæрæг рæстæджы фыст, фæлæ Джуаншеры куысты фæстæ чи æрбафтæуыд, «Арчилы хъизæмардзинад» чи хуыйны æмæ Арчил хъизæмæргæнæг куыд сси, ууыл чи дзуры, уым.

Арчил уыдис Иберийы раздæры паддзæхты мыггагæн, Хосроидтæн, се фæдон, æмæ Къахеты æлдар Стефанозы (685-736) фырт. Æлдар куы уыд, уыцы рæстæг араббæгты ныббырстытæ Кавказмæ райдыдтой. Мирван ибн Мухаммад 735-737 азты цы экспедици кодта, уый тыххæй Арчил æмæ йе ’фсымæр Мириан алыгъдысты Егрисийы фæстæ Абазгимæ, æмæ уым бынæттон хицау Леон I-имæ баиу кодтой, цæмæй Анакопи араббæгтæй хъæхъхъæнын сæ бон уа. Уый фæстæ, Къахетимæ куы æрыздæхт, Арчил райдыдта йæ хæххон муртаккон дæлбарты æхсæн чырыстонад парахат кæнын.

786-æм азмæ ’ввахс скæсæйнæг Гуырдзыстоныл араббæгтæ райдыдтой сæ ног ныббырст, ацы хатт йæ раздзог уыд Хузайма ибн Хазим, араббаг халиф Аль-Хади Кавказы бæстыхицауæй кæй скодта, уый. Арчилæн уæлæхиз кæныны фадат нæ уыди, æмæ сабырдзинадæй лæгъстæ кæнын райдыдта. Хузайма ибн Хазим сабырдзинадыл сразы и, æмæ Арчилæн лæвæртæ æрвитынмæ хъавыдта, фæлæ йæм афтæ хъуыд, цæмæй Арчил пысылмон дин райса. Арчил уыимæ не сразы, æмæ йæ ахастонмæ рарвыстой. Уый фæстæ бæстыхицау, Арчил Хосроидты фæдон кæй у, æмæ Кавказмæ алидзæг Византияйы император Ираклийæ æмбæхст хæзнаты тыххæй цыдæртæ кæй зоны, уый куы базыдта, уæд Арчилы спысылмон кæныныл тыхджындæр фæлварын байдыдта, фæлæ йæм кæй нæ бантысдзæн, уый куы бамбæрста, уæд Арчилæн йæ сæр акъуырын бардзырд рахаста.

Уый фæстæ сси Гуырдзиаг аргъуаны сыгъдæг, йæ мысæн бон у 4-æм июлы.

Литературæ[ивын | Бындур ивын]

  • Rapp, Stephen H. (2003), Studies In Medieval Georgian Historiography: Early Texts And Eurasian Contexts
  • Toumanoff, Cyril (1963). Studies in Christian Caucasian History, pp. 394–95. Вашингтон: Georgetown University Press