Перейти к содержанию

Æрхонкæ

43°07′00″ с. ш. 44°31′00″ в. д.HGЯO
Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
(Архонскæй-æй æрвыст)
Станицæ
Æрхонкæ
уырыс. Архонская
Тырыса
Тырыса
43°07′00″ с. ш. 44°31′00″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Горæтгæроны район
Сæргълæууæг Александр Лысоконь
Истори æмæ географи
Бындурæвæрд 1838[1]
Раздæры нæмттæ Къардон[2][3]
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 8138[4] адæймаджы (2023)
Национ сконд уырыссæгтæ (70%)
ирæттæ (27%)
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +7 86739
Посты индекстæ 363120
Æрхонкæ (Уæрæсе)
Æрхонкæ (Цæгат Ирыстон)
Æрхонкæ (Горæтгæрон район)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Æрхонкæ, раздæры ном — Къардон (уырыс. Архонская, Архонка дæр) у Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы станицæ Джызæлдоны былтыл, кæддæры Орджоникидзейы районы административон центр. Цæрынц дзы 7,8 мин адæймаджы (2005).

Станицæйы бындур сæвæрдтой Чысыл Уæрæсейы хъазахъхъаг полчъы хъазахъхъæгтæ 1838-æм азы[5]. XIX æнусы дзы куыста æмбæрзæн агуритæ уадзæн завод, цæугæдоныл цалдæр куыройы.

Станицæйы æфсæддонты ’хсæн уыдысты Георгийы дзуары æртæ æххæст кавалеры: Сергей Богомаз, Илларион Бондарев, Стефан Калашников. Революцийы фæстæ архонскæйæгтæ хæцыдысты большевикты ныхмæ. 1920 азы станицæйы атаман Павел Василенко кæдæмдæр фесæфти æмæ фæстæдæр большевикты цур скуыста. 1920 азы 18 январы хъазахъхъ равзæрстой Григорий Кикоть куыд сæ ног атаман. Афтæмæй Кикоть сси Æрхонкæйы фæстаг атаман. Уыцы азы 24 мартъийы сырхæфсæддонтæ байстой станицæйы.

Станицæйы цæрджытæй 70% сты уырыссæгтæ (сæ фылдæр хъазахъхъаг равзæрдæй), 27% — ирæттæ, 3% — иннæтæ[6].

Культурæ

[ивын | Бындур ивын]

Æрхонкæйы ис Культурæйы хæдзар, сывæлæтты музыкалон скъола, библиотекæ æмæ Спорты галуан.

Æрхонкæйы хъазахъхъæгтæ хъахъхъæнынц сæ зарæджы традицитæ: ис дзы дыууæ зындгонд коллективы — Хъазахъхъаг адæмон хор æмæ Хъазахъхъаг зарæджы ансамбль «Станицæ».

Æддаг æрмæг

[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ

[ивын | Бындур ивын]
  1. Горæтгæрон районы официалон сайт // Административон дих(æнæбаххæсгæ æрвитæн)
  2. Дзесты Куыдзæг. Нæ буц хистæртæ
  3. Цагъаты Анастасия. Цæгат Ирыстоны топоними. II-æм хай. Дзæуджыхъæу, 1975. Ф. 460
  4. Численность постоянного населения Российской Федерации по муниципальным образованиям на 1 января 2023 года (с учётом итогов Всероссийской переписи населения 2020 г.). Федеральная служба государственной статистики (18 августа 2023). Датæ: 2023-æм азы 23 августы.
  5. Образовательный проект - Моя Кубань(недоступная ссылка). Датæ: 2008-æм азы 17 декабры. Архив 2008-æм азы 19 декабры.
  6. 2002 азы сфыстмæ гæсгæ.