Ансари, Ануше
Внешний вид
| Ануше Ансари | |
|---|---|
| англ. Anousheh Ansari | |
| | |
| Райгуырды датæ | 1966-æм азы 12 сентябры (59 азы) |
| Райгуырæны бынат | |
| Бæстæ | |
| Архайды хуыз | амалиуæгдар, космосон турист |
| Ахуырад | |
| Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
| Сайт | anoushehansari.com |
Ануше́ Ансари́ (перс. انوشه انصاری, райгуырд 1967-æм азы 12 сентябры Мешхеды) у АИШ-ы цæрæг персайнаг амалиуæггæнæг, фирмæ Prodea Systems-ы бындурæвæрæг æмæ сæргълæууæг. Зындгонд сси йæ космосмæ балцы фæстæ.
2004-æм азы Ануше æмæ йе ’фсымæр Амир цалдæр милуан доллæры балæвæр кодтой фонд X-Prize-мæ (уый фæстæ фонд хуыйны Ansari X-Prize). Фонды сæйраг нысан у космосон нау саразын.
Ансарийы рагæй фæндыди космосмæ тæхын æмæ йын 2006-æм азы ахæм фадат фæзынди. Уыцы аз 18 сентябры уый стахти Байконурæй æмæ уымæй сси фыццаг ирайнаг æмæ фыццаг пысылмон сылгоймаг космосы. Йæ тахт 29 сентябрмæ адаргъ и.