Андиаты Сослан

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Андиаты Сослан
Иумæйаг информаци
Æрд нæлгоймаг[d]
Æмбæстонад
Специализаци хъæбысхæст[d]
Клуб Динамо[d]
Райгуырды датæ 1952-æм азы 21 апрелы(1952-04-21)
Гуырæн бынат
Мæлæты бон 2018-æм азы 22 ноябры(2018-11-22)[1] (66 азы)
Мæлæты бынат
Тренер
Ас 198 см
Уæз 108 кг
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Андиаты Пётры фырт Сослан (райгуырдис 1952-æм азы 21 апрелы Дзæуджыхъæуы, амардис 2018-æм азы 22 ноябры) у уæгъдибар хъæбысхæстæй Советон Цæдисы авд хатты чемпион (1973-1978, 1980), Европæйы æртæ хатты чемпион (1974, 1975, 1982), Дунейы цыппар хатты чемпион (1973, 1975, 1977, 1978), Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион (1976, 1980).

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Скъолайы ахуыр кæнгæйæ Сослан фæцалх баскетболæй хъазыныл. Фæлæ йе ’фсымæрты амындмæ гæсгæ йæхи фæлварын райдыдта уæгъдибар хъæбысхæсты. Афтæмæй Сослан ссис Дзгойты Аслæнбеджы ахуыргæнинаг. Уый амындмæ гæсгæ хъаруджын æмæ ныфсджын Сосланы арæхстдзинад бонæй-бонмæ рæзыдис.

Аслæнбеджы фæстæ (уый æндæр горæтмæ ацыдис), Сосланы хъæбысæй хæцынмæ цæттæ кæнын бæйдыдта йæ хистæр æфсымæр Геннади. Уый руаджы Сослан йæ фыццаг сыгъзæрин майдан райста Советон Цæдисы фæсивæды чемпионаты, фæстæдæр та дунейы ерысты бацахста дыккаг бынат æмæ райста æвзист майдан.

1973 азы мартъийы Сосланы нæ бæстæйы командæимæ арвыстой Амырыкмæ дунейы хъалац рамбулыны ерыстæм. Уым Сослан фæуæлахиз зындгонд уæззау уæзы хъæбысæйхæцæг амырыкаг богал Тейлорыл æмæ бацахста фыццаг бынат.

1974 азы дунеон ерысты Стамбулы Сослан рамбылдта æвзист майдан. Уый фæстæ фæд-фæдыл бацахста фыццаг бынæттæ: Æппæтдунеон ерысты Тбилисы, 1975 азы Советон Цæдисы адæмты Спартакиадæйы, Минскы ерысты æмæ æндæрты. Фæлæ уæддæр Сосланы спортивон курдиат йæ фыццаг Олимпиадæйы куыд разындис, афтæ тынг бацæттæ кодта. Сæ зæрдæ йыл дардтой Советон Цæдисы Олимпиадæйы комитеты уæнгтæ дæр. Сослан нæ командæйы богæлттимæ тынг хорз рахæцыдис æмæ райста сыгъзæрин майдан. Сосланы сгуыхтдзинадæн Советон хицауад дæр хорз аргъ скодта — лæвæрд ын æрцыдис паддзахадон хорзæх — Адæмты Хæлардзинады орден.

1980 азы дыккаг хатт сси олимпаг чемпион. Советон хицауад лæвæрд ын æрцыдис Фæллойадон Сырх Тырысайы орден.

Сослан йæ лæгдзинад æрмæст спорты нæ равдыста. Ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон хъæууонхæдзарадон институтмæ, экономикон факультетмæ. Уый фæстæ бацыдис аспирантурæмæ, бахъахъхъæдта диссертаци æмæ сси экономикон зонæдты кандидат.

Æддаг æрмæг[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]