Алани (национ парк)
Внешний вид
Национ парк «Алани» у Цæгат Ирыстоны национ парк. Ис Æрæфы районы. Æдæппæт йæ фæзуат ахсы 549,26 км². Æрдз хъахъхъæныны куыстæй уæлдай ма ахуыргæндтæ ам иртасынц археологон æмæ историон цыртдзæвæнтæ.
Национ парк «Алани»-йы территори райдайы Мæцутæйæ, хæццæ кæны Зджыды æфцæгмæ, Гуырдзыстоны æмæ Кæсæг-Балхъар арæнтæм. Парчы зæххытæ сты денджызы æмвæзадæй 1350–1646 м уæлдæр. Национ парчы хуссайраг хай ахсынц Æрæфы бассейны хæхтæ.
Национ парк «Алани»-йы зæхх у тынг хъæздыг. Æрмæст хосгæнæн зайæгойтæ дзы ис 50 хуызы[1]. Ардæм чи ’рбацæуы, уыдоны уæлдай тынгдæр дисы бафтауынц уæлхох уыгæрдæнтæ, хæххон хъæдтæ, cыгъдæг уæлдæф æмæ фынккалгæ цæугæдæттæ.
Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Особо охраняемые природные территории России . Датæ: 2009-æм азы 21 майы. Архив 2012-æм азы 11 майы.