Айни, Садриддин

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Садриддин Айни
тадж. Садриддин Айнӣ
Райгуырды датæ 15 (27) апрелы 1878[1]
Райгуырæны бынат
Мæлæты бон 1954-æм азы 15 июлы(1954-07-15)[2][1][3] (76 азы)
Мæлæты бынат
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, журналист, историк, фыссæг, ахуыргæнæг, лексикограф, литературон критик, политик, прозаик
Жанр роман[d]
Уацмысты æвзаг таджикаг[1], узбекаг[1] æмæ персайнаг[2][1]
Хорзæхтæ
Ленины орден Фæллойадон Сырх Тырысайы орден медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.» орден «За выдающиеся заслуги»
Герой Таджикистана Сталины преми
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Айни (тадж. Айнӣ; йе ’цæг ном: Садриддин Саид-Муродзода) (18781954) уыди таджикаг фыссæг, æхсæнадон архайæг, ахуыргонд.

Цардафыст[ивын | Бындур ивын]

Айни райгуырдис Бухарайы облæсты Гиждуваны районы, Соктарийы хъæуы. Йæ фыд уыди æрмгусæг — арæзта куыройыфыд. Йæ фыдыфыд та уыди молло.

Садреддиныл æхсæз азы куы цыди, уæд æй йæ фыд радта мæзджыты цур скъоламæ. Фæлæ ахуыргæнæг æнахуыргонд кæй уыди, уый охыл фыд ракодта лæппуйы уырдыгæй æмæ йын бынат скодта хъæуы моллойы ус чызджыты ахуыр кæнынмæ кæй дардта, уыцы скъолайы. Фæлæ уæддæр Айни скъола каст фæуыны фæстæ нæ зыдта нæдæр кæсын, нæдæр фыссын. Кæсын-фыссын ын бацамыдта, Бухарайы чи ахуыр кодта, уыцы Сайид-Акбар.

1889-æм азы Садриддинæн хæбузы рыны азарæй амардысты фыд, мад æмæ фыдыфсымæр. Лæппуйы хистæр æфсымæр Мухиддин куыста моллойæ сыхаг хъæуы æмæ уый охыл 11-аздзыд Садреддин сси бинонты хистæр, йæ бæрны уыдысты кæстæр æфсымæртæ. Æрыгон хæдзардар зылди йæ бинонтæм, куыста базары, кодта зæххы куыст.

1890-æм азы Шариф-джон-махдумы æххуысы фæрцы Садриддин афтыди Бухарамæ. Уым лæппу ахуыр кодта медресе Мир-Арабы. Суинаг фыссæг фылдæр æргом здахта дины чингуытæм нæ, фæлæ æмдзæвгæтæм.

1892-æм азы райдианы Шариф-джон-махдум æрбахуыдта йæ цæрынмæ йæ хæдзармæ. Уым уазæгуаты арæх уыди, ныхас кодтой æмæ кастысты æмдзæвгæтæ, литературæ æмæ аивадмæ хæстæг чи уыди, ахæм адæм. Уыцы заман Садреддин йæхæдæг дæр райдыдта фыссын æмдзæвгæтæ. Уæд ын уыди алыхуызон фæсномыгтæ. 1896-æм азы уый райста йæхицæн фæсномыг «Айни». 1905-æм азмæ Айни сси зындгонд поэт, йæ уацмыстæ хаст æрцыдысты антологимæ. Уыцы рæстæг фыссæг сарæзта æхсæнад «Рухсад», стæй ныффыста æнæдинон скъолатæн ахуыргæнæн чингуытæ.

Джадидтæм хæстæг кæй уыди, уый охыл 1915-æм азæй хицæуттæм фыссæг нымад уыди гуырысхойагыл, йæ фæдыл зылдысты æмæ йæ бахъуыди хи æмбæхсын. Уымæ нæкæскæйæ, 1916-æм азы Айни æнæнхъæлæджы нысангонд æрцыд мударисы бынатмæ, Бухарайы стырдæр мæзджыттæй иу Хиёбоны, фæлæ уый не сразы ис.

1917-æм азы 8 апрелы, Бухарайы реформæты фæстæ, джадидтæ сарæзтой манифестаци. Хицауады бардзырдмæ гæсгæ райдыдтой ахсын бирæ адæм. Айни дæр æрцахстæуыд. Фыссæгæн куыд «сæрибар зондыл хæст адæймагæн» рахастæуыд ахæм тæрхон: 75 лæдзæгдзæфы æмæ, удæгасæй кæцæй ничи рацыди, уыцы зиндан «Обхона»-мæ баппæрст. Суæгъд æй кодтой уырыссæгтæ. Йе ’фсымæртæй иу — Сироджиддины амардтой эмиры бардзырдмæ гæсгæ, иннæ æфсымæр Мухиддин фæмарди басмачты къухæй. Садриддин Айни большевиктæм хæлардзаст уыди, æххуыс кодта Бухарайы революцион архайдæн, фыста, популярон чи систы, ахæм революцион зарджытæ.

1920-æм азы Айни ракуырдта ус æмæ æрцарди Самарканды. Революцийы фæстæ уый исдуг фæкуыста скъолайы ахуыргæнæгæй, фæстæдæр та йе ’ргом æххæстæй аздахта литературон архайдмæ.

1929-æм азы йæ равзæрстой Таджикаг ССР-ы Централон æххæсткоммæ, 1934-æм азы та — ССР Цæдисы фысджыты цæдисы правленимæ.

Айни у таджикæгты националон сфæлдыстады антологи («Таджикаг дзырдаивады дæнцæгтæ») саразæг. 1951-æм азæй куыста Таджикаг ССР-ы зонæдты Академийы президентæй.

Хæрзиуджытæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]