Алфавит
Алфави́т (гр. ἀλφάβητος), уыййеддæмæ — абетæ — нысанты стандартон æмбырдмæ гæсгæ арæзт фыссынады формæ. Алфавиты хицæн нысантæ хуыйнынц дамгъæтæ æмæ нысан кæнынц æвзаджы фонемæтæ, фæлæ иунысаниуæгон æмбарынæдты æмбæрдзинад мыр ↔ дамгъæ вæййы стæмхатт æмæ фылдæрхатт сæфт цæуы дзыхон æвзаджы райрæзты дæргъы.
Алфавит хицæн кæны пиктографион (идеографион) фыссынадæй, кæцыйы мидæг дамгъæтæ (нысантæ) нысан кæнынц æмбарынæдтæ (шумераг цуркхуыз фыссынад), уый дарддæр ма морфемон æмæ логографион фыссынæдтæй, кæцыты мидæг нысантæ нысан кæнынц хицæн морфемæтæ (цæвиттон, китайаг фыссынады) кæнæ дзырдтæ. Бæрæг дарынц алфавитты ахæм хуызтæ:
- Консонантон-вокалон алфавиттæ — уыдон мидæг дамгъæтæ нысан кæнынц хъæлæсонтæ æмæ æмхъæлæсонтæ дæр;
- Консонантон алфавиттæ — сæ дамгъæтæ нысан кæнынц æрмæст æмхъæлæсонтæ, хъæлæсонтæ та нысангонд цæуынц диакритикон нысанты сæрмагонд системæйы æххуысæй (хъæлæсæвдисджытæ).
- Уæнгон алфавитты мидæг дамгъæтæ нысан кæнынц æнæхъæн уæнгтæ, уыйхыгъд иухуызон æмхъæлæсон, фæлæ æндæрхуызон хъæлæсонтимæ уæнгтæ нысангонд куы цæуынц хæстæг нысантæй (индиаг фыссынады абугидæ кæй хонынц, уыйхуызæттæй), æмæ куы дамгъæтæ нысан кæнынц æрмæст æндæрхуызон уæнгтæ (цæвиттон, канæ). Уæнгон фыссынад уынгæг нысаниуæгмæ гæсгæ нымайæн ис æнæалфавитон фыссынадыл.
Хицæн фонемæтæн алыхуызон нысантæ пайдакæнынадæн лæгъстиаг у фыссынады дзæвгар хуымæтæгдзинад æмæ æнцонæмбарынад, уый тыххæй æмæ афтæмæй фыссæн системæйы пайдагонд цæуы нысанты къаддæр бæрц. Уыййеддæмæ дамгъæты рæнхъæвæрд у алфавитон сорткæнæны бындур.
Алыхуызон æвзæгты фонетикон системæты ахастон вазыгдзинад бадзырд æвæры алфавитты æнæмхуызон бæрцуат. Гиннессы рекордты чиныгмæ гæсгæ æппæт æвзæгтæй фылдæр дамгъæтæ — 72 — ис кхмераг æвзаджы, тæккæ къаддæр — 12 (a, e, g, i, k, o, p, r, s, t, u, v) — ротокасы æвзаджы, кæцыйыл дзурынц Бугенвилы сакъадахы (Папуа — Ног Гвиней). Алфавиты тæккæ рагондæр дамгъæ у «о», уый баззади æнæивдæй, финикийаг алфавиты (мах дуджы агъоммæ 1300-æм азы цур) ист куы уыди, афтæмæй. (Ацы дамгъæ нысан кодта финикийаг æвзаджы æндæр, æмхъæлæсон мыр, фæлæ нырыккон «о» сæвзæрди уымæй).
Истори
[ивын | Бындур ивын]Алфавиты принцип хъуыдыгонд æрцыд семитаг знæмтæй. Нæ эрæйы размæ 3-æм миназоны астæу сахар Эблæйы (нырыккон Тель-Мардих, Сирийы цæгат) фыстгæнджытæ сфæлдыстой Месопотамийæ æрбайсгæ цуркхуыз уæнгнысанты классификаци, кæцыйæ пайда кодтой сæхи эблаитаг æмæ месопотамиаг шумераг æвзагæн. Ацы классификацийы фыстнысантæ рæнхъæвæрд цыдысты иудадзыг райдайæн æмхæлæсонтимæ алыхуызон хъæлæсонты мыруагмæ гæсгæ: ma, mi, mu (семитаг æвзæгты мидæг уыди æрмæст 3 хъæлæсоны: a, i, u). Куыд фендæуы, цуркхуыз æмæ египетаг идеографийы фæлварæнæй пайдакæнынады фæрцы, семитæгтæ нæ эрæйы размæ 2-æм миназоны 2-æм æмбисы райдайæны агъоммæ сфæлдыстой консонантон-уæнгон фыссынады ахæм сæрысæйраг хуыз, кæцыйы мидæг уыдысты алыхуызон хъæлæсонимæ бæтгæ (wa, wi, wu-йы хуызы уæнгонтæ, кæцытæ фыстæуыдысты иу нысанæй, цуркхуызфыстау æмæ æндæр раздæры алыхуызон нысантæй нæ фæлæ) æмхъæлæсон мырты дзурынæн нысантæ (цæвиттон, w). Æппæт фыссæн нысанты скондмæ хъæлæсонтæн нысантæ бавæрыны фæстæ кæронмæ æмæвæрд æрцыд алфавит куыд фонемæты фыстнысаниуæггæнæн фæткон æмбырдæг.
Тæккæ рагондæр уыд мах дуджы размæ 2-æм миназоны астæуæй бæрæг сахар-паддзахад Угариты алфавит. Йæ нысанты рæнхъæвæрд сæйраджыдæр фидауы нæ эрæйы размæ 2-æм миназоны фæстаг æнустæй бæрæг финикийаг, рагондзуттаг æмæ иуæй-иу æндæр ныгуылæнсемитаг алфавитты нысанты рæнхъæвæрдыл.
Финикийæгтæ, кæцытæ цардысты Астæузæххон денджызы скæсæйнаг былгæрон, рагон заманæй райдайгæйæ уыдысты зынгæ денджыздзаутæ. Уыдон парахат кодтой Астæузæххы падзахæдтимæ базарад. Финикийаг алфавитæй равзæрдысты грекъаг æмæ арамейаг алфавиттæ, кæцытæй фæзындис нырыккон фыссынады системæты фылдæр хай æмæ, уыдон дарддæр, фыссынады райрæзты бирæ «къуыммæдзыд хаххытæ»: чысылазиаг алфавиттæ, ибераг фыссынад, нумидиаг фыссынад æмæ а. д. Финикийаг алфавиты дамгъæты рæнхъæвæрд ныронг зыны йæ байзæддаг алфавиттæн; дзырд «алфавит» йæхæдæг арæзтæуы дыууæ фыццаг дамгъæйы нæмттæй — альфæ ἄλφα/алеф æмæ бетæ βῆτα/бет.[1])
Хуссарсемитаг алфавит, кæцы æддæйæ иухуызон у финикийагимæ, равзæрди, куыд æй фенæн ис, уымæй нæ, фæлæ финикийаг алфавитимæ гипотетикон иумæйаг æвзагвыдæлæй; хуссарсемитаг фыссынады фæдон у нырыккон эфиопаг фыссынад.
Грекъаг алфавит æмæ йæ фæдонтæ
[ивын | Бындур ивын]Мах эрæйы размæ 2-æм—1-æм миназонты ’хсæн (æвæццæгæн, цасдæр раджы) финикиаг 22-дамгъæйон алфавит ист æрцыд бердзенæй, кæцытæ йæ бæстонæй фендæрхуызон кодтой æмæ дзы сфæлдыстой æххæстæй систематизацигонд рагонгрекъаг алфавит. Алфавиты дамгъæтæ æмæ фонемæты ’хсæн æмбæрдзинад сси æмиунысанон: алфавиты иууыл нысантæ пайдагонд цыдысты æмаккаг фонемæты ныффыссынæн, æмæ алы фонемæйы аккаг сси кæцыдæр дамгъæ. Иухуызон миниуæгимæ уыд грекъагмæ хæстæг этрускаг алфавит æмæ йемæ иуæй-иу хæйтты æмхуызон чысылазиаг алфавиттæ антикон рæстæг. 2-1-æм миназонтæ нæ эрæйы размæ кæцытæ фæзындысты, уыцы алфавиттæн сæ фылдæрты сфæлдисыны æмæ райрæзты истори ныронг у дискуссигæнгæ.
Мах дуджы агъоммæ I-æм миназоны Хуссар Итали колонизацигонд æрцыд бердзенæй. Уый фæрцы грекъаг фыссынадимæ базонгæ сты Италийы алыхуызон знæмтæ. Грекъаг алфавит ссис модель латинаг æмæ æндæр (уыййеддæмæ этрускты дæр æндæвд райсгæ) италиаг алфавитты аразынæн. Ромы империйы дуджы цыдис латинаг æвзаг æмæ фыссынады уæрæх æнхъæвзт. Йæ æндæвд фæтынгдæр ис Астæузаманы дуджы, Европæйы адæмыхаттытæ чырыстонад куы райстой, уæд. Латинаг сси литургион (хуыцаулæггадаг) æвзаг Скæсæн Европæйы иууыл паддзахады дæр, латинаг фыссынад та — литургион чингуыты иунæг æруадзгæ фыссынад.
Рагон Астæузаман грекъæгты раст кæнæ фæрссаг æндæвды руаджы цæуы сомихаг (Месроп Маштоц), гуырдзиаг, готаг (æвæццæгæн Ульфила), зæрондславяйнаг глаголицæ æмæ кириллицæйы (Кирилл æмæ Мефодий æмæ сæ ахуыргæнинæгтæ) æмæ иннæ алфавитты фæлдыст. Ацы алфавитты дæмгъæты нæмттæ æмæ формæ бæлвырдæй кæнæ бæрæг ивдтытимæ æмаккаг у грекъаг алфавиты. Нæуæг æвзæгтыл фыссынæн алфавиты дарддæры æнхъæвзт цыдис раджы фæлдыст алфавитты бындурыл, цæвиттон, латинаг, кириллон æмæ а. д. I-æм миназоны нæ эрæйы размæ æвдисæнгонд æрцыд хуссараравиаг алфавиттæ, кæцытæ сты скæсæнсемитаг системæйы рагон къабазтæ. Документæм гæсгæ фыццаг бæрæг фыссынады сфæлдисаг Месроп Маштоц 406-æм азы сахартæ Эдессæ æмæ Самосатæйы сæххæст йæ сомихаг алфавитыл куыст.
Арамейаг алфавит æмæ йæ фæдонтæ
[ивын | Бындур ивын]Нæ эрæйы агъоммæ I-æм миназоны финикийагæй равзаргæ арамейаг алфавит бындур сæвæрдта Скæсæны бирæ фыссынæдтæн. Динты, паддзахæдты алыхуызонад æмæ цыфæндыдæр фыстæрмæджы хæрхад радта ахæм фæстиуæг, арамейаг алфавиты байзæддæгтæ тагъд модификацигонд æмæ ивд æрцыдысты суанг æнахуырдзинадмæ.
Иу версимæ гæсгæ, арамейаг алфавиты сæйраг фæдонтæ сты:
- брахми æмæ уымæй равзæрст бирæнымæцон (сæдæйæ фылдæр) Индийы æмæ Хуссар-Скæсæйнаг Азийы алфавиттæ
- кхароштхи (индиаг фыссынады райрæзты куыммæдзыд къабаз)
- дзуттаг алфавит
- сириаг фыссынад æмæ йæ бирæнымæцон фæдонтæ, уыйхыгъд мангойлаг фыссынад
- набатейаг фыссынад æмæ йæ байзæддаг — араббаг фыссынад
Индиаг ахуыргæндты ’хсæн нымадæуы æмæ брахмийы фыссынады равзæрст баст у Индийы бынæттон историимæ. Иуæй-иу ахуыргæндтæ, сæ цæстæнгас бæлвырд кæнынæн æрхæссынц протоиндиаг (мах дуджы III—II миназоны агъоммæ) фыссынады æвдисæйнæгтæ, кæцыты ссардтой сахартæ Хараппæ æмæ Мохенджо-Даройы археологион акъахты рæстæг. (Гипотезæтæй иумæ гæсгæ, Инды доны быдыры фыссынад у, брахмийау, алфавитон-уæнгон).
Дамгъæты нæмттæ
[ивын | Бындур ивын]Æппæт бæрæг алфавитон системæты мидæг алы дамгъæйæн ис хицæн нысаниуæг. Дамгъæты нæмттæ сæйраджыдæр æнæивдæй баззайынц хæстæг системæты æмæ куы ист цæуынц иу системæйæ иннæмæ (цæвиттон, ныгуылæнсемитагæй грекъагмæ). Дамгъæты нæмттæ бирæ семитаг традициты мидæг, угаритаг йеддæмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй хуыздæр хъуыдыгонд уой æмæ дзы æнцонæмбарæндæр ахуыр кæной, æвзæрст цыдысты ахæм дзырдтæй, кæцытæ нысан кодтой æмаккаг фонемæтæй райдайгæ алыхуызон æнæгоймæгтæ: «алеф» ‘гал’, «бет» ‘хæдзар’ æмæ а. д.
Нымæцон нысаниуæг
[ивын | Бындур ивын]Тæккæ рагондæр алфавитты нысантæ, уыйхыгъд угаритаг, пайдагонд нæ цыдысты нымæцты нысанкæнынæн. Фæстæдæр мах дуджы агъоммæ 1-æм миназоны ныгуылæнсемитаг алфавиттæ æмæ рагонгрекъаг алфавиты фыццаг райдайæн дамгъæ [цæв., грекъ. α (альфæ)] нысан кæнын райдыдта нулæй фæстейаг натуралон рæнхъы фыццаг æнæхъæн нымæц (ома «α» нысан кодта нымæц иу), дыккаг та — дыккагæн («β» нысан кодта нымæц дыууæ) æмæ а. д. Ацы принцип уагъд цыди бирæ системæтæн, кæцытæн бындур уыд грекъаг модель, уыйхыгъд, зæрондславяйнаг æмæ рагонуырыссаг. Дамгъæйы формæйы ивды фæстæ, йæ рæнхъæвæрæн бынат алфавиты мидæг æмæ йæ нымæцон нысаниуæг арæхдæр баззайынц æнæивдæй, уый тыххæй алфавитты историйы ахуыркæнынадæн нымæцты нысанкæныны мадзалтæ сты тынг ахадгæ.
Алфавитты номхыгъд
[ивын | Бындур ивын]- Финикийаг фыссынад
- Грекъаг алфавит
- Гуырдзиаг алфавит
- Сомихаг алфавит
- Дзуттаг алфавит
- Арамейаг алфавит
- Глаголицæ
- Кириллон алфавит
- Азербайджайнаг алфавит
- Башкираг алфавит
- Белоруссаг алфавит
- Болгайраг алфавит
- Хъазахъаг алфавит
- Хъыргъызаг алфавит
- Македойнаг алфавит
- Молдавиаг алфавит
- Мангойлаг алфавит
- Ирон алфавит
- Уырыссаг алфавит
- Сербаг алфавит
- Таджикаг алфавит
- Тæтæйраг алфавит
- Украинаг алфавит
- Черногориаг алфавит
- Цæцæйнаг алфавит
- Чувашаг алфавит
- Рагонпермаг алфавит
- Латинаг алфавит
- Араббаг алфавит
- Бенгалиаг алфавит
- Рунон алфавит
- Угаритаг алфавит
- Этрускаг алфавит
- «Æмткæйон алфавит» (Советон Цæдисы æвзæгтæн)
- Фонетикон алфавит
Авторты нæмттæ æмæ сæ алфавиттæ кæд сфæлдыстой
[ивын | Бындур ивын]- Сомихаг алфавит — Месроп Маштоц, 405-æм аз.
- Гуырдзиаг алфавит — дунейы историон зонады мидæг рапарахат ахæм цæстæнгас, кæцы æрбынат кодта V—VII-æм æнусты сомихаг райдайæн фыстуацтыл. Уыдонмæ гæсгæ, фыццаг гуырдзиаг алфавит мргвлованийы сфæлдисæг у Месроп Маштоц, кæцы уымæй дарддæр сарæзта 405-æм азы сомихаг алфавит дæр [2][3]. Фæлæ гуырдзиаг историктæн сæ фылдæр хай хацынц ахæм цæстæнгасыл, кæцымæ гæсгæ гуырдзиаг алфавит равзæрди Месроп Маштоцы агъоммæ[4][5][6][7].
- Кириллицæ — Кирилл æмæ Мефоди, 863-æм аз.
- Рагонпермаг алфавит — Стефан Пермаг, 1372-æм аз.
- Хангыль (корейаг фыссынад) — Чосон Стыр Седжон, 1444-æм аз.
- Вьетнамаг алфавит — Александр де Род, 1624-æм азы цур.
Ноджы ма кæс:
[ивын | Бындур ивын]Фиппаинæгтæ
[ивын | Бындур ивын]- ↑ Ирон æмæ уырыссаг дзырд арæзтæуы Βήτα дамгъæйы астæугрекъаг дзурынадмæ (ома куыд [вита]) гæсгæ (кæцы æмхуызон у ноггрекъаг дзурынадимæ), фæлæ хурыскæсæйнаг æвзæгты мидæг пайдагонд цæуы рагонгрекъаг дзурынад — [бета].
- ↑ Lenore A. Grenoble. Language policy in the Soviet Union. Springer, 2003. — ISBN 1402012985. — P. 116: «The creation of the Georgian alphabet is generally attributed to Mesrop, who is also credited with the creation of the Armenian alphabet».(англ.)
- ↑ Rayfield D. The Literature of Georgia: A History (Caucasus World). RoutledgeCurzon, 2000. — ISBN 0700711635. — P. 19: «The Georgian alphabet seems unlikely to have a pre-Christian origin, for the major archaeological monument of the first century 4IX the bilingual Armazi gravestone commemorating Serafua, daughter of the Georgian viceroy of Mtskheta, is inscribed in Greek and Aramaic only. It has been believed, and not only in Armenia, that all the Caucasian alphabets — Armenian, Georgian and Caucaso-AIbanian — were invented in the fourth century by the Armenian scholar Mesrop Mashtots.<…> The Georgian chronicles The Life of Kanli — assert that a Georgian script was invented two centuries before Christ, an assertion unsupported by archaeology. There is a possibility that the Georgians, like many minor nations of the area, wrote in a foreign language — Persian, Aramaic, or Greek — and translated back as they read». (англ.)
- ↑ Церетели Г. В. Армазское письмо и проблема происхождения грузинского алфавита. II // Эпиграфика Востока. — М., Л.: Изд-во АН СССР, 1949.(уырыс.)
- ↑ Бердзенишвили Н., Джавахишвили И., Джанашиа С. История Грузии: В 2 ч. Ч. 1. С древнейших времен до начала XIX в. — Тб.: Госиздат ГССР, 1950.(уырыс.)
- ↑ Джанашиа С. Н. К вопросу о языке и истории хеттов. // Труды: В 3 т. — Тб.: Изд-во АН ГССР, 1959.(уырыс.)
- ↑ Гамкрелидзе Т. Алфавитное письмо и древнегрузинская письменность (Типология и происхождение алфавитных систем письма)(уырыс.)
Литературæ
[ивын | Бындур ивын]- Гамкрелидзе Т. В. Происхождение и типология алфавитной системы письма // Вопросы языкознания. 1988. № 5-6. (уырыс.)
- Дирингер Д. Алфавит. М., 1963. (уырыс.)
- Йейтс Фрэнсис. Ренессансные «Наглядные алфавиты» // Йейтс Фр. Искусство памяти. СПб, 1997 (уырыс.)
- Лундин А. Г. О происхождении алфавита // Вестник древней истории. 1982. № 2. (уырыс.)
- The World’s Writing Systems / Eds. Daniels P.T., Bright W. N.Y., 1996. (англ.)
Æрвитæнтæ
[ивын | Бындур ивын]- Алыхуызон алфавитты номхыгъд сæ транлитерацимæ (латинаг дамгъæтæй) (англ.)
- Протосинайаг алфавит (уырыс.)
- Алфавит // Энциклопедический словарь Брокгауза и Ефрона : в 86 т. (82 т. и 4 доп.). — СПб., 1890—1907. (уырыс.)
- An Early Hellenic Alphabet for Common, Ikonogrammaton & Paleogrammikon, System Writing and Reading of the Ancient Speech (англ.)